Сæрибары фæзыл  Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон банысангæнæн мадзæлттæм  цæттæ кæнынц
Сæрибары фæзыл Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон банысангæнæн мадзæлттæм цæттæ кæнынц

Сæрибары фæзыл  Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон банысангæнæн мадзæлттæм  цæттæ кæнынц.

26 майы Сæрибары фæзыл  арызт уыдзæн  æфсæддон техникæйы, хæцæн хотыхты æмæ  ифтонггæрзты равдыст.

Уыимæ иумæ, Гуырдзыстоны Хæдбардзинады бон  ацæудзæн ардхæрды  церемони. Хъахъхъæнынады тыхты  сæйраг сержант Гиорги Гогочъури  куыд банысан кодта афтæмæй,   райсом æфсæддон ардхæрды церемони ацæудзысты  247  рекруты.

«Фæнды мæ  рагафон раарфæ кæнын Гуырдзыстонæн 26 май. Сæрмгаондæй та  хъахъхъæнынады тыхты сæрмагонд  скондæн, уымæн æмæ  хъахъхъæ1нынады  тыхтæ у раст уыцы хайад,  кæцы  ифтонг кæны  бæстæйы  суверенитет хъахъхъæнынад.

Афтæма ма фæнды банысан кæнын,  цæмæй сом бæрæгбонон  уавæрты æфсæддон ард бахæрдзæн 247  рекрут.  Пандемийы тыххæй, ацы аз  26 майы  мадзæлттæ æгæр масштабон нæ уыдзысты. Мадзал æхгæд æрцæудзæн  «Су-25»-ы типы  авиакуынæггæнджыты  тахтæй» –  фехъусын кодта  Гиорги Гогочъури.

1991 азæй арйдайгæ  26 майы Гуырдзыстон бæрæгбон кæны Хæдбардзинады бон.