Сæрибардзинады барометр - 30 европаг бæстæйы æхсæн Гуырдзыстон ахсы 13 бынат
Сæрибардзинады  барометр -  30 европаг бæстæйы æхсæн  Гуырдзыстон ахсы 13  бынат

«Фридрих Науманы Фонд Сæрибардзинадæн» 2017 азы сæрибардзинады  барометры  хыгъдлæвæрд  публикаци кæны.  Документмæ гæсгæйæ,   30 Европæйаг  бæстæйы  æхсæн Гуырдзыстон  сæрибардзинады  хъæдмæ гæсгæйæ  13-æм бынат  ахсы.  Раззаг азтимæ абаргæйæ  бæстæйы  баллтæ райрæзт  1,6-ы бæрцæй  æмæ   67,06  нысаныл лæууы.

Хыгъдлæвæрд  аргъ лæвæрд у  бæтæйы  æнтыстытæн  10 ардæмадæй.  Сеппæтæй  хуыздæрыл нымад у  Гуырдзыстоны æхсæнадæмон  базарады сæрибардзинад (8.86 балл),  æмткæйон мид продукты  æрдгæй  хицауады хардзтæ  æмæ фидтæнты æмвæзад (8.09 баллы).

Сеппæтæй  ныллæг  аргълæвæрд райста  Гуырдзыстон медийы  сæрибардзинады  æрдгæй  (5.0).  Афтæма раззаг азтимæ абаргæйæ  сеппæтæй  фылдæр  Гуырдзыстоны фæхуызщдæр ис  рейтинг  тæрхонон  хицауады  хæдбардзинады цæстæнгасæй,  кæцыйы  дæр  бæстæйæнбаллтæ  райрæзтысты 0,67 æй æмæ  аххæссыд  5.67.

Ретйингы раздзог бынæттыл сты Нидерландтæ, Эстони æмæ Германи. Гуырдзыстоны та   йæ фæстæ фæуагъдта Евроцæдисы цалдæр бæстæ, уый нымæцы  Хорватийы, Болгарийы æмæ Сербийы.  Равзаргæ бæстæты  æхсæн сегасæй æвзæр уавæр ис  Азербайджаны, Таджикистаны æмæ Уæрæсейы.