«Сæрибар Марш» Кахеты акцитæ уадзы. Протестон цыдтæ ракодтой Сагареджо æмæ Гурджааны, кæцæй дæр араст сты Хъуарелмæ.
Сæ сæйраг æркуырд у æстæм марты бадзырд сыххæст кæнын, политахæстты рауадзын æмæ ногæй парламентон æвзæрстытæ саразын.
Змæлды уæнгтæ транспаранттæй, æмæ сигналгæнгæйæ централон уынгтыл æрзылдысты æмæ бынæттонтæм протест равдисынмæ æрсидтысты.
«Райдыдтам Кахетæй, абон регионыл æнæхъæнæй æрзилдзыстæм. Хицауадæн æнцойуагъды фадат нæ ратдзыстæм. Курæг стæм 8 марты бадзырд сыххæст уа. Уыдон та нæ уæгъд кæнынц политахæстты, æмæ сæ нымæц фылдæрдæр кæнынц. Уый тыххæй, протест адарддæр уыдзæн. Æнæмæнгæй уыдзæн фæстиуæг æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ», – хъусын кæнынц змæлды уæнгтæ.
«Сæрибар Марш» боны дæргъы регионы масштабæй уадздзæн акцитæ. Хатидзæгон протестон цыд та Телавы уыдзæн.