Сæны Националон Агентады хъусинагæй,  2019  азы  хæдбар Гуырдзыстоны историйы  дæргъы сæны экспорты сеппæтæй бæрзонддæр бæрæггæнæн сфиксир ис
Сæны Националон Агентады хъусинагæй, 2019 азы хæдбар Гуырдзыстоны историйы дæргъы сæны экспорты сеппæтæй бæрзонддæр бæрæггæнæн сфиксир ис

2019 азы  Гуырдзыстонæй  дунейы  53  бæстæмæ, 94  милуан  авг   сæн  æрцыд  экспортиргонд, кæцы 2018 азы  бæрæггæнæнтæй,  фараст процентæй  фылдæр у  æмæ  хæдбар Гуырдзыстоны историйы дæргъы,  сеппæтæй   бæрзонддæр  бæрæггæнæн  у.   Инфорамцийы хъусын кæны   сæны  националон   агентад.

Афтæма  сæ   хъусинагæй,  экспортиргонд  сæны   аргъ  у  240  милуан АИШ  доллары,  кæцы  2018  азы  аналогион  бæрæггæнæнæй  17 процентæй  фылдæр у.

«Экспорт  райрæзтис  гуырдзиаг сæны стратегион базартыл:  Польшæ -17% (4114972 авгы), Китай – 2% (7089259 авг), АИШ – 48 процент  (678148 авг) æмæ Стыр Британи –  60 процент (168307 авг).

Рæзт  фæбæрæг ис  афтæдæр   ацы  бæстæты: Лиетувæ  – 45 %(708408 авг), Германи – 40 % (671 453авг), Белорус – 74 % (2787065авг) Израиль – 80 % (324700 авг), Эстони– 20 % (693248 авг), Уæрæсе – 9% (58384540 авг), Молдова – (625724 авг), Нидерландтæ  – 17 % (96464 авг), Чехи  – 34 % (83136 авг), Швеци  – 636 % (92214авг)Болгари  – 30 % (34734 авг), Монголи– 40 % (297576 авг) æмæ АИШ», –  банысангонд у Сæны Националон агендатыд  информацийы.

Афтæдæр сæ информацийæ,   2019  азы, æндæр æмæ æндæр гуырахстæй сæны  экспорт  сæххæст кодтой  341 компанийы.