Саджад Карими – Гуырдзыстонæн Европаг базар, арæнтæ  гом сты,  ацы  бадзырдты хонын  фантастикон æнтыстытæй
Саджад Карими – Гуырдзыстонæн Европаг базар, арæнтæ гом сты, ацы бадзырдты хонын фантастикон æнтыстытæй

Гуырдзыстонæн гом у  европаг  базар, арæнтæ, ацы бадзырдты схонин  фантастикон   æнтыстытæй –  уый фæдыл европарламентар, ассоцаицидзинады  парламенты  комитеты  æмсæрдар  Саджад Карими   райхъусын кодта.

«Цалдæр  азы  размæ ничи ахъуыды  кодтаит, цæмæй  æмкуыстдзинады ахæм гъæдыл фæныхас кодтаиккам.   Мах æцæгæй  дæр   рацыдыстæм   стыр фæндаг æмæ  ахæццæ стæм  уыйæнгты ома Гуырдзыстон  асоциацигонд  уæнг у æмæ Гуырдзыстонæн гом  сты   Европаг  базар æмæ арæнтæ.  Æз ацы бадзырдты хонын  фантастикон æнтыстытæй. Уый гæнæн ссис  Гуырдзыстон цы реформæтæ  ауагъдта  уый руаджы,  гуырдзиаг адæмы тыхархайды æмæ  фæндоны  фæрцы. Æнæфæцудгæ у Гуырдзыстоны  фæстаг, æвзарæн æмæ   уырнæг дæн,  цæмæй æнæфæцудгæ уыдзæн Гуырдзыстоны æрдæм  Европæйы  æххуыс дæр.  Уый  у нысаниуæгджын æмæ  лæмбынæг æмгуыстад. Егъау  прогрессмæ  æрхæццæ стæм  æмæ   алы  æнтыстджын къахдзæф у къундæг  ахастыты фæстиуæг.  Европарламент  йæ хъусдард здахы  бирæ  фарстайы æрдæм,  прогрессы, размæцыды æмæ  уыцы сферæты æрдæм,  кæцыты дæр ноджы фылдæр хъуамæ саразæм   фидæн прогрессы  тыххæй.

Гуырдзыстоны тынг дзæбæх зоны, цæмæй  евроцæдисы æрдæм  цыд  къахдзæф-къадзæф вæййы. Гуырдзыстон дарддæр кæны  фæндаг æмæ  не рдыгæй  æххуысы  ныфс  уæм  хъуамæ  уа.  Ис нæм ардæмад,  мысæнттæ  æвæрд сты, ис дзы  прогресс, зонæм  кæм  фылдæр саразын хъæуы æмæ цæй ма  иумæ адарддæр кæнæм куыст» – хъусын кæны Саджад Карими.

Европарламенты пленарон сессийы  абон Гуырдзыстоны æрдгæй ассоциацидзинады  бадзырды сæххæсты  фæдыл хыгъдлæвæрд кæсынц. Хыгъдлæвæрды автор  у  европарламенты  депутат  Андрес Мамыкинс.