«Сабуртало»  Чемпионаты Лигæйы дыккаг квалификацион раундмæ иу кæны
«Сабуртало» Чемпионаты Лигæйы дыккаг квалификацион раундмæ иу кæны

Абон Михеил Месхийы номыл   стадионыл ацæудзæн «УЕФА» UEFA-ы Чемпионты Лигæйы   дыккаг  квалификацион   раунды   фыццаг матч «Сабурталойы» æмæ Загребы «Динамойы» æхсæн.

Гуырдзыстоны чемпион  фыццаг  раунды  рамбылдта молдоваг «Шерифæн» (3-0;1-3) хорватиаг бал  та  евротурнирмæ  иу кæны  дккаг  квалификацион этапæй.

Кæд  Сабуртало  ацы  барьерыл  дæр фæтых ис уæд   æртыккаг квалификацион   этапыл Мальтайаг «Валеттайы» æмæ венгриаг «Ференцварошы»  æхсæн уæлахизгондимæ фембæлдзæн, æрмæст  кæд  фембылд ис, уæд Европа Лигæйы  æртыккаг   квалификацион   этапмæ  ахаудзæн  цы ран   сомизаг  «Арарат-Армениайы»  æмæ  Гибралтары «Линколны» æхсæн уæлахизгондмæ  фембæлдзæн.

Матч  Гуырдзыстоны æмæ Хорватийы  чемпионты æхсæн  абон 21:30  сахатыл райдайдзæн  æмæ  йæ комкоммæ репортаж радæтдзæн  Гуырдзыстны Фыццаг Къанал. Онлайн режимы матчы  фенын  уæ бон уыдзæн  ацы  дæнцыл.

Live