Сабион Евроуынынад 2018-ы финалон шоу абон ацæудзæн – комкоммæ трансляци Фыццаг Къаналыл 19:00 сахатыл райдайзæн

Фыццаг Къаналы   кæсджытæ абон  19:30  сахатыл, сабион евроуынынад2018  масштабон шоуйы  комкоммæ эфиры  фендзысты.  Беларусы, Минскы  аренæйы, сабион  Евроуынынады   зарæджы  радæй  16-æм  конкурсыл,  Гуырдзыстоны номæй, 13 номырæй рацæудзæн  Тамар Эдилашвили. Конкурсы цыдмæ  кæсын  гæнæн уыдзæн   онлайн тыгъдады, Фыццаг Къаналы  веб-фарсыл.

Гуырдзиаг конкурсант сæххæст кæндзæн зарæг  «Шэни Хма», кæцыйы автор у  Софо Тъорошелидзе,  тексты автор та  Александре ЛОрткипанидзе.

 

Знон Минскъы   конкусы генералон репетици ацыд, сценæйыл   конкурсы  хайадисæг 20   бьæстæйы  минæвар сабитæ  ралæууыдысты.   Уыдонæн аргъ скодта  æхсæнадлæмон жюри.  Жюрийы  баллтæ  сты  анонимон,  боны  кæрон  кæсджыты  лайктимæ иумæ  быхыгъд уыдзысты æмæ  афтæ рабæрæг уыдзæн  уæлахиздзау. Алы  конкурсантæн  баллты 50-ы  кæсджыты  хъæлæстæй,  æрмæст иннæ  50% та жюрийы  аргълæвæрдæй  бахыгъд уыдзысты.

2018 азы  сабион евроуынынадыл хъæлæскæнынад  нырмадæр дарддæр кæны.ХЪæлæскæнынады процедурæ  абон, финалон  шоуыйы  райдаыны  размæ рæцæудзæн урæд  æмæ  сценæйыл  конкурсанттæ иууылдæр куы   ралæудзысты  уый фæстæ,  15 минутмæ  сног уыдзæн.

Конкурсы  уæлахизгонд рабæрæг кæнынæн, онлайн хъæлæскæнын гæнæн ис  vote.junioreurovision.tv-ы  фæрцы,  кæцы ран дæр  уæ бон у фенын  алы  хайадисæгы видео-кълип;  схъæлæс кæнапт æртæ, цыппар  кæнæ фондз  фаворит музыкалон   номырæн. Уæ  бон у схъæлæс кæнын уæ бæстæйы  минæварæн.

Фыццаг Къаналы  сабион музыкалон  проект «Ранина»-йы  уæлахиздзау Тамар Эдилашвили, кæсджытæм раздæхт  æмæ  сæм сабион Евроуынынадыл уымæн сæхъæлæс кæнынмæ æрсидтис.