Рыгджын мигъ Тбилисы – специалистты æмбарынкæнæн [видео]

Сæумæрайсомæй,  Тбилисы  фидар   рыгджын мигъ  бады.  Фыццаг Къанал  æрдзы националон  агентадмæ  адзыртта  æмæ  сæ  æмбарынгæнæн æрдомта.

Агентады  куыд райхъусын кодтой  афтæмæй,   мигъ æмæ рыг  сты  бæстæйы  хуссар районтæй  ахæлиугонд  уæлдæфы  массæты æмæ   Кавказы рагъæй   абаргæйæ  уазал  уæлдæфы массæты  æмархайды фæстиуæг.

«Хуссарæй  архайæг   уæлдæфы  массæты æмæ   Кавказы  цæгатæй   абаргæйæ уазалгомау   уæлдæфы   массæты æмархайды тыххæй,   скæсæн Гуырдзыстоны   фылдæр  рæтты,   сæ нымæцы   Тбилисы дæр,  бæстæйы  хуссар регионтæй   рыгджын массæтæ  ахæлиу сты», – хъусын кæнынц   агентады.

Специалистты  ныхæстæм гæсгæ,  ахæм синоптикон   процессты  рæстæджы  Гуырдзыстоны территорийыл  хуссарæй    рыгджын массæты  ахæлиу  æнахуыр нæу.