Руставелийы  проспектыл, парламенты цур цæугæ  акцийы  организатортæ  фидиуæн аразынц
Руставелийы проспектыл, парламенты цур цæугæ акцийы организатортæ фидиуæн аразынц

Руставелийы  проспектыл, парламенты цур цæугæ  акцийы  организатортæ  фидиуæн аразынц. Уыдон сидынц   фарсхæцджытæм, абон 19:00 сахатыл   Руставелийы   проспектыл æрымбырд уой  сæ акцитæн æмбæлон  симоволикæйæ,  Гуырдызстоны, евроцæдисы æмæ  НАТО-ы тырысатимæ.

«Мах Гуырдзыстоны  сабырадон æмбæстæгты  кæцыты иу кæны   уырнынад, цæмæй   адæймаджы  сæрибардзинад  æмæ æмсæрад  паддзахады  арæзтады  бындур сты,  разы  стæм, цæмæй   Уæрæсе  у нæ  бæстæйы  историон знаг  æмæ  оккупант,  йæ фарс хæцæм  бæстæйы  евро-атлантикон  фидæнæн. Нымайæм, цæмæй   абон,   куыд Гуырдзыстоны  историйы  æнæиу хатт,   Руставелийы, парламенты раз  скъуыддзаг кæны   кæмæ  хауы  ацы бæстæ,  махмæ, сæрибар адæймаæгтæм, æви Уæрæсейы  æххуысæй   уæвæг  тыхтæм,   кæцытыл къух æмбæрзы  абоны хицауад.

Абон скъуыддзаг кæны,  бахъом уыдзысты æви нæ проуырыссаг тыхтæ æмæ Уæрæсейы   хицауады дæлбар уæвæг   къордтæ саразой  иллюзи,  цæмæй  ацы бæстæ   уыдоны  сæрмагонд у; абон парламенты раз бынæттон Гавриловтæ архайынц сæрибар тыгъдады  символонæй  сæхи бакæнын;

Сидæм сæрибар адæймæгтæм, абон 19:00  сахатыл рацæуæт  Руставелийы  проспектмæ, сабырæй, нæ  акцитæн  ахуыр   символикæйæ,  Гуырдзыстоны, евроцæдисы æмæ НАТО-йы  тырысатимæ»,- банысангонд у  фидиуæны.

Афтæма, организатортæ  сидынц  паддзахадмæ, йæ зæрдыл бадара контракцийы  хайадисджыты  тыхмидзинадмæ сидтытæ, сæххæст кæна  йæ   хæслæвæрд æмæ сифтонг кæна æмбырд-манифестацийы  хайадисджыты  æдасдзинад æмæ ацы  барæй  æххæстæй  пайда кæнын.