Рустав-Тбилисы автомагистралыл уæвæг цæрæн ран стихийы  фæстæ  [фото]
Рустав-Тбилисы автомагистралыл уæвæг цæрæн ран стихийы фæстæ [фото]

Гардабаны  муниципалитеты, Рустави-Тбилисы  автомагистралы   алфæмбылæйтты  цæрæн ран,  знон изæр  тæркъæвдайы  фæстиуæгæн,   сцад  сты  цæрæн хæдзæрттæ.

Ацы  ран   цæрынц  11  хæдзары бинонтæ.

Бынæттонты  информацийæ,  скуынæг  ис  цардуагон  дзаума  æмæ  техникæ.  Донивылды  фæстæ,   нал  уарынц  хæдзарон фос.

Бынатыл  доны бæрзæнд  фæныллæгдæр ис, фæлæ   хъæууынгты æмæ   хæдзæртты мидæг   нырма дæр  цадæй  лæууы.

Фыццаг Къаналæн  Дæллаг Картлийы   ирвæзынгæнæг   куысты  хистæры  хæдивæг  Давит Гелашвили  куыд  фекхъусын кодта  афтæмæй,   бынатыл   донцъирæн  мадзæлттæ  райдаын не  нтысы, уымæн  æмæ  дон  бирæ  сыджыт æмæ змис  æрхаста æмæ  дзы уыцы  аххосæй  техникæ   дон не  сцъирдзæн зæгъгæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, план кæны   территоримæ  уæззау  техникæ  бауадзын,  цæмæй  дзы   ракъаха  къанау,   кæцыйы уылты  цæрæн  сыхы,  дон æмæ   змисæй   расыгъдæг  кæндзысты.

Рустав-Тбилисы   автобаны цур,  Гардабаны   муниципалитеты территорийыл  тæркъæвдайы  фæстиуæгæн    раивылд  къанау.  Уый фæстиуæгæн   сцад  ис сых.  Доны  бæрзæнд аххæссыд 1.5  метрмæ. Ирвæзынгæнджытæ   сыхы   баззайæг адæймæгты    эвакуцаци скодтой   наутæй.