Рос Уилсон - æнæмæнгхъæугæ у, алчи  скад кæна æвзæрстыты фæстиуджытæн æмæ сразы уæт  уæлахиздзауы æнтыстимæ
Рос Уилсон - æнæмæнгхъæугæ у, алчи скад кæна æвзæрстыты фæстиуджытæн æмæ сразы уæт уæлахиздзауы æнтыстимæ

Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх  Илья Дыккаг  хистæр аргъуанархайджытимæ иумæ  Гуырдзыстоны  АИШ-ы ног минæвары хæстæ æххæстгæнæгы  Рос Уилсоны райста.

Патриархийы   информацийæ,   фембæлдыл   ныхас  баххæссыд   Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы  æхсæн  уæвæг ахастытæ  афтæдæр   æркастысты æндæр æмæ  æндæр   нысаниуæгджын  фарста.   Фембæлдыл  афтæдæр аргъ скодтой  Гуырдзыстоны уагъд  президентон æвзæрстытæн.

«Æвзæрстыты период иу махмæ  уæззау  вæййы, уымæн æмæ  эмоцион адæм стæмю Абоны онг  састбаййафæг фарс нырма не сразы  ис  Саломэ Зурабишвили кæй фæуæлахиз ис уыйимæ» –  райхъусын кодта Патриарх.

Минæвары хæстæ æххæстгæнæгы ныхæстæм гæсгæ та  нысаниуæгджын  æмæ æнæмæнгхъæугæ у  алчи  скад кæна  æвзæрстыты  фæстиуджытæн æмæ  сразы  уæнт  уæлахиздзауы  уæлахиздзинадимæ.

«Мæхи сæрмагонд ахаст у ахæм, Гуырдзыстон  ацы хабæрттæ хъуамæ рацæуа.  Демократи  йæхи нымæры  йæ хъуыдыйы  дары  куыд уæлахиздзинад – афтæ  саст дæр  æмæ   мæнмæ гæсгæ,   зондджын лидертæ, кæцытæ  сагъæс  кæнынц  сæ бæстæйыл афтæдæр  аудын кой кæнынц  сæ партийы  дæргъвæтин æнтыстыл,  хъуамæ  сразы уой  уыйимæ. Æз  Гуырдзыстоны хицауадæн дæр  бацамыдтон , цæмæй  хъуамæ  сæ зæрдыл дарæт рекоменадцитæ,  кæцыты сын  раттой  æхсæнадæмон   организацитæ,  æмæ  уыцы  сахъатты  схафой  кæцытæ фæбæрæг сты.  Цæй зæгъын æй хъæуы  нымайын, цæмæй   нысаниуæгджын у  алчи   скад кæна  æвзæрстыты фæстиуджытæн  æмæ уæлахиздзауæн» – райхъусын кодта АИШ-ы минæвары хæстæ  æххæстгæнæг.

Фембæлды кæрон Илья Дыккаг  Рос Уилсонæн   зырдылдарæн лæвар  адæтта æмæ  равдыста  æмгуыстады  фæарфдæр кæныны фæндон.

Информацийы хæлиу кæны  Гуырдзыстоны Патриархий.