Ромы Михеил Саакашвилийы фембæлды параллелонæй, гуырдзиаг эмигрантты хай акци уадзынц [фото]
Ромы фысымуат «Палаццо Найядойы» цур, кæцыйы Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийы æмæ йæ фарсхæцджыты фембæлд цæуы, гуырдзиаг мигрантты хай акци уадзынц. Фыццаг Къаналы журналист, бынатæй куыд хъусын кæны афтæмæй, эмигранттæ дзурынц зæгъгæ, цæмæй регистрацийы сæхи ауагъдтой, фæлæ Гуырдзыстоны раздæры президентимæ фембæлдмæ сæ нал бауагъдтой. Æфсонæн акцийы хайадисджытæ æрхастой уый æмæ сæм зæгъгæ Саакашвилийы хицауиуæгы периодмæ гæсгæ, хъауджыдæргонд хъуыдытæ ис.
Фысымуаты цур полици удæгас рæхыс сарызта. Акцийы хайадисджыты информацийæ, полицимæ ис бардзырд, ма сæбауадзой бæстыхаймæ.
Саакашвилиимæ фембæлд срухс кæныны фадат нæ раттой журналисттæн, фембæлдмæ бауагътой æрмæстдæр операторты. Михеил Саакашвилийы фарсхæцæг Гиорги СИгуа журналисттæн загъта цæмæй сын, Ромы Саакашвилиимæ фнмбæлдмæ бацæуыны фадат ратдзысты, фæлæ сæ фæстæдæр бæстыхаймæ нал бауагътой.