«Ройтер» - Хъазахстаны хицауад архайдта, интернеты  цæстдарæг  системæ  ауадзын
«Ройтер» - Хъазахстаны хицауад архайдта, интернеты цæстдарæг системæ ауадзын

Компани «Гугл»  æмæ «Файерфокс» блокъ сæвæрдтой  Хъазахстаны хицауады  архайдыл  сарызтаит интернеты  кусæг   цæстдарæг  системæ –  уый  фæдыл   информацийы  агентад «Ройтер»  хъусын кæны.

Рауагъдад куыд фыссы  афтæмæй,  дыууæдæр компанийы   программæты  фæбæрæг ис  Хъазахстаны хицауады  арызт  системæ, кæцыйы  фæрцы   хицауады минæвæрттæн сæ бон уыд,  пайдагæнджытæ  цыфæнды  текст ныффыстаиккой  уый  бакæсын.

Уæдмæ Хъазахстаны  хицауады  уæнгтæ райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ  сарызтой  программæ, кæцы  Хъазахаг  æмбæстæгты,  хакерты  бырстæй,  онлайнфæлывдмидзинадæй æмæ  æндæр кæцыфæнды хуызы  тасæй  баиргъæвдтаит.