Регуляциты хай фæрогдæр ис – кæсут æххæст ранымад
Регуляциты хай фæрогдæр ис – кæсут æххæст ранымад

Гуырдзыстоны коронавирусы ахæлиу маруадзыны нысанæн архайæг тобæты хай фæрогдæр ис.

Уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  æхсæнуагдонон координацион советы  рабадты фæуды фæстæ  фехъусын кодта.

Æнхъарæм  уын  æххæст ранымад, кæцы тобæтæ  систой Гуырдзыстоны:

  • Зымæгон курорттыл фысымуæттæ,  байгом уыдзысты  райсомæй, 25 февралæй,  уæвæг  эпидемиологион  стандартты æмæ регуляцитæ æххæст хъахъхъæнгæйæ;
  • Хæххон  курорттыл  уæвæг  рæтæн фæндæгтæ   байгом уыдзысты 8 мартæй,  афтæдæр регуляцитæ  æххæст хъахъъхæнгæйæ;
  •  Горæтты æхсæн транспорт   райсомæй, 25 февралæй  скусдзæн;
  • Ресторантæ мидтыгъдады кусын сног кæндзысты   сабат-хуыцаубонæй цух,  Батумы фыццаг мартæй, Гуырдзыстоны иннæ рæтты та  8 мартæй;
  • Уыимæ иумæ  тыхы баззайдзæнис  21:00 сахатæй 05:00 сахаты онг  змæлдыл тобæ;
  • Ресторанты  мидтыгъдадты  сæ  бахъæудзæнис   бæрæг рекомендацитæ  æмæ стандарттæ  лæмбынæг æххæст кæнын, кæцы бæрæг уагдæттæй  карз контролгонд уыдзæн;
  • Конференцитæ æмæ трейнингтæ  æмбæлгæ протоколмæ  гæсгæйæ  сног уыдзысты фыццаг мартæй;
  • Спортивон  залтæ  15 мартæй   бæрæг регуляцитæ  æххæстгæнæгæйæ   адарддæр кæндзысты  кусын;
  • Скъолаагъоммæ  ахуыргæнæндæттæ,  куыд  падзахадон, афтæ хицæн,  куыст сног кæндзысты  фыццаг мартæй,  дыууæ къуырийы иу  хатт æнæмæнгхъæугæ уагæй  кусджыты  20 процентæн тестæй иртæст уадзгæйæ;
  • Уæлдæр ахуыргæнæндæттæ, клиникон-практикон,  лабораторион практикæ сног кæнын æмæ  фæлварæнтæ æнæдистанцион  форматы дæттын  сæ бон суыдзæн   фыццаг мартæй, æрмæст ахуыры  процесс аудиториты  сног кæнын та 15 мартæй;
  • Афтæма  15 мартæй  сног уыдзæнис  скъолаты къордты уæлæмхас ахуыр;
  • Музейтæ  æмæ  библиотекæтæ  кусын сног кæндзысты  фыццаг мартæй;
  • Театртæ , спортивон клубтæ, профессион  ансамбльтæ,  репетици æмæ фæлтæрæнтæ сног кæндзысты  15 мартæй, æрмæст куыст æххæстæй  сног кæнын (театралон равдыстытæм, спортивон ерыстæм  кæсджыты бауадздзысты)   фыццаг апрелæй;
  • Æнæхæлцадон иугай  базарад  сабат-хуыцаубон  хынцæгæйæ,  дзырæдуы   куыд базарадон моллты – афтæ базарты фæдыл, кусын сног кæндзысты 8 мартæй;

«Координацион советы  рахастам уынаффæ бæстæмæ визиторты æрбауадзынимæ баст  регуляциты  фæрогдæр кæныныл, сæрмагондæй та уыцы  бæстæты ранымадмæ, кæцыты æмбæстæгтæн Гуырдзыстоны уæлдæфон  арæны уылты бæстæмæ æрбахизын  сæ бон у «PCR» тесты æппæрццаг дзуаппимæ, фыццаг мартæй  бафтаудзыстæм  ахæм бæстæтæ; Сомихыстон, Азербайджан, Украина, Хъазахстан, Уæрæсе, Белорус.  Сурзæххон арæныл  ацы  этапыл архайæг режим нæ ивæм», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.