Реджеб Тайип Эрдогъан - Уæрæсеимæ, Китаимæ æмæ Украинæимæ Турк базарад райдайдзæн националон валютæйæ
Реджеб Тайип Эрдогъан   - Уæрæсеимæ, Китаимæ æмæ Украинæимæ  Турк базарад  райдайдзæн  националон валютæйæ

Уæрæсеимæ, Китаимæ æмæ Украинæимæ  Турк базарад  райдайдзæн  националон валютæйæ –  уый  фæдыл  Турчы  президент Реджеб Тайип Эрдогъан   райхъусын кодта.

Сау Денджызы  былгæрон сахар  Ризейы, хицугæнæг партийы  уæнгтимæ фембæлдыл  Реджеб Тайип Эрдогъан  загхта, цæмæй  Турк цæттæ у  ахæм системæ æрбайсынмæ  Европæйы уыцы бæстæтимæ  дæр,  чидæриддæр «доллары  уæлæндæвдæй  ссæрибар кæнын  сфæнд кæндзæн».

Туркаг лира  цæугæ азы  40%-æй сæнæаргъ ис. Туркаг валютæйы  сæнæаргъ расидтис  АИШ-ы æрдгæй туркаг  аллюминий æмæ æндоныл  тарфиты фæдывæр.

Вашингтоны æмæ  Анкарайы æхсæн  æндыгъддзинад   Турчы  америкаг   пасторы,  Эндрю  Брансоны æрцахст фæстæ сцырын  ис,  кæцыйы азымджын кæнынц  Гюллены организациимæ  бастдзинады.

АИШ-ы  æнæиу  сидтмæ æнæкæсгæ,  Турчы хицауад  пасторы  ссæрибар кæныныл  нæ  разы  кæны.