Реджеб Тайип Эрдогъан - Турк Евроцæдисы уæнг суæвыны тыххæй æнæсæттон куыст кæны
Реджеб Тайип Эрдогъан  - Турк Евроцæдисы уæнг суæвыны тыххæй æнæсæттон куыст кæны

Турк уый тыххæй  цæмй Евроцæдисы  æххæстаргъджын уæнг суа, æнæсæттон куыст кæны –  уый фæдыл  Турчы  президент Реджеб Тайип Эрдогъан  райхъусын кодта.

Æ  ныхæстæм гæсгæ,   Турк евроцæдисы  уæнгсуæвынæн, фæстаг 60 азы  дæргъы  тох  кæны æмæ бæстæйы  зæгъгæ фæнды  уæнгдзинад   райсын.

Евроиугонды  уæнгдзинады фæдыл куырдиат  Турк  1987 азы  бавдыста, бадзырдтæ та  2005 азы   райдыдтой.  2007 азы процесс  фæкуылымпы ис  Къипры, Францы æмæ  Германийы тыххæй.