Развæлгъау  бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ,  ф æсарæйнаг æвзаджы фæлварæн фæкъуыхцы кодтой  абитуриентты 6,2%
Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, ф æсарæйнаг æвзаджы фæлварæн фæкъуыхцы кодтой абитуриентты 6,2%

Фæлварæнты националон  центр  абон публикаци скота   фæсарæйнаг  æвзаг зонынады  фæлварæнты  фæсиуджытæ.  Развæлгъау  бæрæггæнæнтæм гæсгæ,   максималон  фæстиаг – 90 баллы  райстой рекордон  нымæц  абитуриенттæ – 109. 6,2%  сæ  экзаменты фæкъуыхцы сты.

Фæлварæнты Националон Центры Фæсарæйнаг æвзæгты къорды  къухдариуæггæнæджы  Русудан Тъхъемаладзейы ныхæстæм гæсгæ,  экзаменты чи фæкъуыхцы  кодта уыдон, афтæдæр  сегасæй бæрзонддæр аргълæвæрд чи райста  ахæмты нымæц  дæр ацы  аз уыдис  фылдæр ивгъуыд азимæ абаргæйæ.

«Сеппæтæй  бæрзонддæр  аргъгонд  – 90 баллы  райстой  109  абитуриенты.  Ай тынг  дзæбæх бæрæггæнæн у.  Уымæй  бæргæ у, цæмæй  темæйы  фысгæ  хайы,  кæцы иу  абитуриенттæн зын дæр вæйы,  уыдон райстой  максималон  16 баллы  æмæ æндæр фарстытыл дæр  æнæрæдыдæй сдзуапп кодтой.  Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, фылдæр сты  абитуриенттæ,  кæцйытæ райстой  90 баллы, фæлæ  ацы  рæстæджы,  афтæдæр фылдæр сты фæкъуыхцыуæвджытæ.  Æнахуыр у уый, æмæ ацы  аз ахæм радикализм кæй  фæбæрæг» – райхъусын кодта  Русудан Тъхъемаладзе.