Развæлгъау  бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны æддагон базарадон зилдух  11.8 процентæй фæкъаддæрдæр ис
Развæлгъау бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны æддагон базарадон зилдух 11.8 процентæй фæкъаддæрдæр ис

Статистикæйы  националон куысты  развæлгъау бæрæггæнæнтæй,  2020 азы   январ-февралы   Гуырдзыстоны  базайрагæй  æддагон базарадон зилдух  (æнæдеклариргонд базарадæй цух)  ахæццæ ис 3 463.5  м илуан АИШ доллармæ, кæцы  раззаг азы   аналогион   периодимæ  абаргæйæ   11,8  процентæй   къаддæрдæр у.

Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ,  фæнысангонд периоды   экспорт   уыд 1 001.3 милуан АИШ доллары бæрц – раззаг азы   ацы  периоды   бæрæгггæнæнтæй  11.9 процентæй   къаддæрдæр, æрмæст импорт   2 462.2 милуан аиш доллар – 11.8 процентæй   къаддæрдæр.

Æппæрццаг  базарадон баланс та 2020  азы  январ-апрелы  1 460.8 млн аиш  долларыл фæбæрæг ис  æмæ   æддагон  базарадон зилдухы    42.2  проценты бæрц у.

Афтæма  январ-апрелы базайрагон  къордтæй  экспорты  дæсойы  фыццаг бынатыл  сты  æрхуы згъæрдур  æмæ  концентраттæ  215,7 млн. АИШ долларæй,  дыккаг бынатыл  рог   автомобильтæ  134,8  млн. АИШдолларæй,  æрмæст æртыккаг бынатыл  та   – згъæрты æмтад  91,8 млн АИШ долларæй.

Импорты тыххæй  куы зæгъæм,  ставддæр  импортон базайрагон къорд  2020  азы  январ-апрелы  уыд   рог  хæдтулгæтæ, кæцыты импорт 186,1 млн АИШ доллармæ  аххæссыд.  Дыккаг ыбнатыл уыд    нефт æмæ  нефтпродукттæ  171,2  млн АИШ  долларæй, æрмæст æртыккаг  бынатыл   æрхуы згъæрдур æмæ концентраттæ  166,1 млн АИШ доллары  аргъæй.