Рахизздахæнджын  автомобильты таксийы тæрджытæн «В категорийы» кусын  бар уыдзæн  2021  азы фыццаг январы онг
Рахизздахæнджын автомобильты таксийы тæрджытæн «В категорийы» кусын бар уыдзæн 2021 азы фыццаг январы онг

Рахизырдгæй  здахæн  кæцы  хæдтулгæтæн ис  уыдæтты   тæрджытæн   бар дæттæм  «категорий Б»-йæ  кусын 2021 азы  1  январы онг – уый фæдыл, сæйраг сахары  хицауады  абоны   рабадтыл райхъусын кодта  Тбилисы  мэр Каха Каладзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  уынаффæ хаст æрцыд таксийы шофырты  инициативон къорды  минæвæрттимæ  фембæлды фæстæ.

«Уыдон нын фехъусын кодтой,  цæмæй  зæгъгæ иу афæдз  кæцы сæм лæвæрд æрцыд, цæмæй  сæ  автомобильтæ,  кæцытæн  здахæн рахизы æрдгæй  ис  раивой,  æгъгъæд рæстæг нæу.  Ракуырдтой нæ, цæмæй   «категорий Б»–æруагътаиккам  рахиз здахæнджын   хæдтулгæтæ. Мах сразы стæм уыйимæ æмæ  нæ  фæнды  цæмæй  нын ацы  æмгъуыдты бантыса. Ацы регуляци  –  2020  азы кæрон   æмæ  2021  азы  1  январæй  та  автоматонæй  бацæудзæн йæ тыхы регуляци,  кæцымæ гæсгæ  рахиз здахæнджын автомобильтæ    «категорий Б»–йæ дæр  фæтобæ  уыдзысты.  Уыдонæн  уыдзæн  афæдз æмæ æрдæг, цæмæй сæ автомобильтæ  раивой», – райхъусын кодта Каха Каладзе.