Райрæзтис уыцы бæстæты  ранымад, кæцы æмбæстæгтæн Гуырдзыстоны арæныл рахизын  сæ бон уыдзæн фæстаг 72 сахаты дæргъы  арызты «PCR»тесты  æппæрццаг дзуаппæй
Райрæзтис уыцы бæстæты ранымад, кæцы æмбæстæгтæн Гуырдзыстоны арæныл рахизын сæ бон уыдзæн фæстаг 72 сахаты дæргъы арызты «PCR»тесты æппæрццаг дзуаппæй

Уыцы бæстæты ранымадмæ, кæцыты  æмбæстæгты  æмæ  резиденттæн  Гуырдзыстоны арæныл рахизын  фæстаг 72 сахаты дæргъы  арызты «PCR»тесты  æппæрццаг дзуаппæй уыдзæн сæ бон, бамхас сты  Япони, Канадæ, Кувейт, Китай, Хуссар Корея, Молдовæ æмæ  Оман, – уый фæдыл  æхсæнуагдонон координацион советимæ  архайæг оперативон штабы  хистæр Гиорги  Гъибрадзе, хицауады  администрацийы лæвæрд брифингыл   райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, арæныл рахизын гæнæн  уыдзæн  æххæстæй  вакцинацийы  бæлвырдгæнæн  гæххæттимæ  æмæ  «PCR»  тесты æппæрццаг дзуаппимæ, кæнæ фæстаг 72  сахаты  дæргъы  арызт «PCR»  тесты æппæрццаг дзуаппæй.  Ахæм цауы  уæнгтæ, кæцытæ  Гуырдзыстонмæ æрбахиздзысты, хæсджын уыдзысты, фæдылдзог 72  сахаты дæргъы  фæлхатгæ «PCR»  тест саразын.

«Уыимæ иумæ  ма ис рекомендаци, цæмæй  алы  визиторæн хъуамæ  уа  æнæниздзинады фæдзæхсыны гæххæт,  кæцы  бамбæрздзæнис  ковидимæ баст  хардзтæ», – райхъусын кодта Гиорги Гъибрадзе.