Рæстдинон дуне абон  бæрæгбон кæны Мад Майрæмы  Хорхзуацы Фехъуысæн
Рæстдинон дуне абон бæрæгбон кæны Мад Майрæмы Хорхзуацы Фехъуысæн

Рæстдинон дуне абон 7  апрелы,  Мад Майрæмы  Хорхзуацы Фехъуысæн  бæрæгбон кæны.  Ацы бон алы  архайæг  аргъуаны бæрæгбойнон  скуывд  æххæст кæнынц.

Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх  Илья Дыккаг  литургий  ауадздзæн  Самебайы  кафедралон  аргъуаны.

Мад Майрæмы  Хорхзуацы Фехъуысæн   стыр рæстдинон бæрæгбонтæй  сæ  иуæй-иу у. Евангелимæ гæсгæйæ,  ацы бон  галилейаг горæт Назареты  Æппæтсыгъдæг Мад  Майрæммæ  фæзындис  сæйрагзæд  Габриил  æмæ йын   загъта: «Марийæ, Хуыцау дæ  йе стыр хорзæхæй схайджын кодта. Ды басывæрджын уыдзынæ æмæ дын райгуырдзæн лæппу, æмæ-иу æй схон Йесо. Уый суыдзæн Паддзах, æмæ йæ Паддзахад уыдзæн æнустæм».

Бæрæгбонон  скуывды трансляци Самебайы  кафедралон   аргъуанæй радæтдзæн Гуырдзыстоны  Фыццаг Канал.