Рæстæг у сегасæй хуыздæр лæвар - Сантайы традицион сидт Лапландийæ [видео]

Цалдæр  бонмæ   Дунейы  цæрджыты  иу хай  Цыппурс  сбæрæгбон кæндзæн.  Финляндийы,  Лапландийæ  Санта   традицион сидтæй  рацыд.

Рæстæг у  сегасæй  хуыздæр  лæвар –  ахæм у  ацы  аз   Сантайы  цыппурсон æрвыст.  Уый  афтæдæр   лунейы цæрджытæм æрсидтис  фыдгой  ма кæной  æмæ фыддзыхæй  ма дзурой  кæрæдзиимæ  ныхасы рæстæджы.

«Ноджы  иу  афæдз  ацыд  æмæ æрлæууыд Цыппурсы  афон.  Ныфс мæ  ис  цæмæй  дæ  афæдз  тынг  дзæбæх  уыд.   Ацы  афæдз мæ  хуыдыйы  баппæрста  иу цæуылдæр,   сæрмагондæй  та,   цæмæй  куыд  ныхас кæнынц  кæрæдзиимæ адæймæгтæ.  Тынг амондджын уайин, кæд адæймæгтæ  хæларзæрдæ  æмæ хъарм ныхæстæй дзурын бафæразиккой.Хорз  у  æндæрты  ныхæсты æмæ   æнкъарæныл  куы хъуыды кæныс  уæд.  Арæх  мæ иу  фæрсынц,  зæгъгæ  сегасæй  хуыздæр лæвар  цы  уый?   Мæнмæ  гæсгæ,  сегасæй хуыздæр  лæвар у  рæстæг,  кæцы  дæ бон у  искæмæн фæхай кæнын.  Рæстæг  кæцыйы  арвитыс  дæ бинонтимæ,  хъæбултимæ, хæлæрттимæ. Афтæмæй уын  лæгъстæ  кæнын, кæрæдзийæн  уæ  рæстæг фæхай  кæнут.  Ныфс мæ ис  диссаджы Цыппурс  уын уыдзæн.   Арфæ  уын кæнын  амондджын Цыппурс  æмæ Ног Аз»- дзуры  Санта.

Афæдзы  ацы  афон,   Лапландийы,  Сантайы  хъæуы, сæрмагондæй  бирæ  адæм æрымбырд вæййы. Сантайы  иуæй-иу  эльфы хъусинагæй,   æрвылбойнонæй  Сантамæ,  Дунейы  æндæр æмæ æндæр  ранæй,   сывæллæттæй    32 мины  онг  фыстæг  æрбацæуы.