Прокуратурæйы бæлвырд кæнынц, цæмæй Ника Гварамиа 40 000 ларийы бæрц цъынды бафыста
Генералон прокуратурæйы бæлвырд кæнынц, цæмæй «Рустави 2»-ы раздæры генералон директор Ника Гварамиа, развæлгъау мадзалæй йын цы 40 000 ларийы бæрц цъынды бавидын стæрхон кодтой, уый бафыста.
Ника Гварамиа «Фейсбукы» знон ныффыста, цæмæй цъынды бафыстаит. Гварамиайæн 11 августы Тбилисы сахарон тæрхондон стæрхон кодта 40 000 ларийы цъынды бафидын. Уымæн арæнæвæрд æрцыд Гуырдзыстонæй фæсарæнтæм ацæуын дæр. Тæрхонгæнæджы уынаффæйæ, цъындыйы суммæ бафидынæн Гварамиамæ лæвæрд æрцыд 30 боны. Ника Гварамиа хъусын кодта, цæмæй цъындыйы хуызæй тæрхонгонд суммæ бафидын нæ хъавыд.
Афтæма, генералон прокуратурæ «Рустави 2»-ы раздæры генералон директорæн 6 сентябры ног аххосаг бавдыста. Прокуратурæйы фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, Гварамиайы зылынджын кæнынц стыр нымæцæй барадныхмæ бахардзы, кæцы сæххæст ис развæлгъау бадзургæйæ къорды æрдгæй, кусæн уавæрæй фыдвæнд пайдагæнгæйæ, афтæдæр коммерцион балхæды æмæ мæнг официалон документты æрцæттæ æмæ спайдайы, кæцы нысаниуæгджын зиан расайдта. Афтæдæр аххосаг бавдыстæуыд «Рустави 2»-ы раздæры финансон директор Кахабер Дамениа æмæ «Интермедиа Плюсы» директор Зураб Иашвилйæн.