Прокуратурæ тæрхондонмæ бавдыста куырдиат Ника Мелиайæн æфхæрды мадзалы хуызæй тæрхонгонд ахст фæивыны фæдыл
Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ Тбилисы сахарон тæрхондонмæ «Националон Змæлды» сæрдар Ника Мелиайæн æфхæрды мадзалы хуызæй ахсты фæивыны куырдиатæй басидтис.
Уый фæдыл информаци, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн фæдæвзарæг уагдоны сбæлвырд кодтой.
Ацы афонмæ нæу бæрæг кæд ацæудзæн тæрхоны процесс.
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады информацийæ, Ника Мелиайы цъындыйы суммæ, 40 мин лари бафыстæуыд.
Бакой уын кæндзыстæм, Ника Мелиайæн Тбилисы горæты тæрхондон 2019 азы 27 июны æфхæрды мадзалы хуызæй 30 000 ларийы бæрц цъынды æмæ уæлæмхас арæнгæнæг мадзæлттæ стæрхон кодта, уый нымæцы спайда кодтой электронон мониторингæй. Фæлæ 2020 азы фыццаг ноябры, адæмарæх ран æхсæнадон фидиуæн аразыны рæстæджы, Ника Мелиа электронон мониторингæн цы цонгдарæн дартта уый къухæй рафтыдта. Уый фæдыл прокуратурæ æфхæрды мадзал фæкарз кæнын æркуырдта. Тæрхондоны 2020 азы 3 ноябры уынаффæйæ, Ника Мелиайæн æфхæрды мадзалы хуызæй тæрхонгонд суммæ 40 000 ларийæ райрæзтис. Бафидынæн æмгъуыдæй Мелиайæн лæвæрд уыд 50 боны, фæлæ «Иугонд националон Змæлды» сæрдар цъынды нæ бафыста, цæй тыххæй дæр прокуратурæйы куырдиатыл æнцойæ, цæугæ азы 17 февралы Ника Мелиайæн тæрхондон æфхæрды мадзалæй стæрхон кодта æрцахст.
Ника Мелиайы аххосджын кæнынц Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 225-æм статийы фыццаг æмæ дыккаг хайæ, кæцы къордон тыхмидзинады организацидзинад, къухдариуæгад æмæ уым хайад райсын дары йæ хъуыдыйы.