Прокуратурæ- Ника Мелиайы сæрыл дзурæг фарс сарызта видео-æрмæгы  сæрмагонд верси æмæ æхсæнады рæдыды бафтыды  нысанæй, хъауджыдæргонд интерпретацийæ  равдыста дзыллæйæн
Прокуратурæ- Ника Мелиайы сæрыл дзурæг фарс сарызта видео-æрмæгы сæрмагонд верси æмæ æхсæнады рæдыды бафтыды нысанæй, хъауджыдæргонд интерпретацийæ равдыста дзыллæйæн

Никанор Мелиайы хъуыддажы  зылынгæнæг фарсмæ  уæвæг  бæлвырдгæнæнтæм гæсгæйæ, сæ нымæцы  видео-бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ,  генералон прокуратурæйы  сæрмагонд брифинг  ацыд.

Прокуратурæйы райхъусын кодтой, цæмæй Ника Мелиайы сæрылдзурæг фарс   сарызта  видео-æрмæгы сæрмагонд  верси æмæ  æхсæнады рæдыды бафтыды  тыххæй,   хъауджыдæргонд интерпретацийæ  равдыста дзыллæйæн.

«Сæрмагондæй  та ацы  видео-æрмæг, кæцы  æнæфæсайгæйæ   бæлвырд кæны Никанор Мелиайы  зылынджындинад,  самал кодта зылынгæнæг фарс æмæ закъоны  æххæст домæнтæм æмбæлгæйæ  алæвæрдта йæ  иргъæвæг фарсмæ. Сæрылдзурæг фарс  ацы  æрмæгыл æнцойæ  смонтаж кодтой   видео-æрмæгы сæрмагонд  версий æмæ  æхсæнадмæ мæнг хъуыдыййы   сæвзæрыны кæнынæн,  хъауджыдæргонд интерпретацийæ  равдыста æхсæнадæн…

Видео-бæлвырдгæнæны æххæст версийы деталон анализы  фæстиуæгæн мах уынæм,   куыд архайдта Никанор Мелиа, парламенты бæстыхаймæ  балæбурыны нысанæй  сæххæст тыхмидзинады актæн раттаит цæстмæ сабырадон равг, кæцы йæ æнхъæлцау,  тугтæрхоны барады бæрнæй  хиаиуварс кæнынæн  хъуыдис.  Никанор Мелиа, реалон  фыдгæнæгон  фæнд бамбæхсынæн,  периодгай  пайда кодта ахæм сидтытæй, цахæм дæр сты, «Мах хъуамæ бацæуæм, сабырæй, къухтæ  уæлийæ даргæйæ  парламенты бæстыхаймæ»  æмæ афтæ дарддæр. Ацы нысанæй  уыдис Никанор  Мелиайы  цæстмæ  цæттæдзинад,  бадзырдты фæндагæй  конфликт  аскъуыддзаг кодтаит, уымæн  æмæ ацы  сабырадмæ сидтыты  параллелонæй,  тыхмигæнджытæ  цалдæр  ран полицийы кордон   атыдтой, кæцы  расайдта  полицийы  æрдгæй тыхмигæнджытæн ныхкъуырд раттыны нысанæй специалон  фæрæзтæй  пайда кæныны хъæуындзинад…

Гуырлдзыстоны генералон прокуратурæ  фæдæвзарæн  процессы  рухсдзыддзинад ситонг кæнынæн  дарддæр кæны   куындæг æмгуыстад   адæмон хъахъхъæнæгимæ æмæ æнæхицауадон организацитимæ.  Фæдæвзарæны   фæстиуджыты фæдыл  дзыллæ  афоныл   уыдзæн информиргонд.

Прокуратурæ æнæреакцийæ нæ ныууадздзæн  фæдæвзарæны  дискредитацийы  иунæг архайд дæр,  кæй æрдгæй  ма  цæуæт  уый.  Ацы рæстæджы æмбæлон  фæдæвзарæн  уагдæттæ  сбæлвырд кæндзысты алы  уыцы  уæнгы  аххосджындзинад, кæцытæ къухдариуæг кодтой  къордон тыхмидзинадæн æмæ  хайад истой  уыцы архайдты,   парламенты бæстыхаймæ  балæбурыны нысанæй» – райхъусын кодтой генералон прокуратурæйы.