Прокуратурæ -  Хаст æрцыд уынаффæ  Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейæн аххосаг бавдисыны фæдыл
Прокуратурæ - Хаст æрцыд уынаффæ Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейæн аххосаг бавдисыны фæдыл

Хаст æрцыд уынаффæ  Мамука Хазарадзейы æмæ  Бадри Джапаридзейы  аххосджындзинады тыххæй,  се æрдгæй   къордгай  16 754 000 америкаг доллары  æнæзакъонон  æфтиагы  легализацийы фактыл –  уый фæдыл  абон генералон  прокуратурæйы  уагъд брифингыл  прокуррор Саломе Чикобава   райхъусын кодта.

«Æхсæнадæн бæрæг куыд у, афтæмæй,   2018 азы  2  августы   Гуырдзыстоны  генералон прокуратурæ, рывнæлдта  фæдæвзарынмæ акцион æхсæнад  «ТВС Банкъы»  æвджиддар советы  сæрдары æмæ йæ   хæдивæгы æрдгæй, æнæзакъонон æфтиагы легализацийы   фактыл.

Бæрзонд æхсæнадон интересы тыххæй,  фæнды нæ дзыллæйæн фехъусын кæнын, цæмæй  тугтæрхоны барады   хъуыддагыл  цæугæ  фæдæвзарæны фæлгæтты   райст  бæлвырдгæнæнты  анализы  фæстиуæгæн хаст æрцыд хатдзæггæнæн  уынаффæ.

Хаст у уынаффæ  Мамука Хазарадзейы æмæ Бадри Джапаридзейы  аххосджындзинады тыххæй,  се æрдгæй, къордгай, 16  754 000 америкаг  доллары  æнæзакъонон æфтиагы  легализацийы фактыл, кæцыимæ  æфтыд у  сæрмагондæй  егъау бæрцæй  æфтиаг райст (фыдракæнд нымадмæ ист у  Гуырдзыстоны тугтæрхоныбарады  кодексы  194-æм статийы  2-аг хайы «А»  æмæ 3-аг хайы «Г» дæлпункттæй)»,- райхъусын кодта  прокуррор.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ «Мамука Хазарадзе æмæ Бадри  Джапаридземæ  абон фæсидтыстæм  Гуырдзыстоны генералон прокуратурæмæ  уыдонæн  зылынгæнæг уынаффæйы  бавдисыны нысанæй»

Гуырдзыстоны  генералон прокуратурæ  М. Хазарадзе æмæ Б. Джапаридзейæн  зылынгæнæг  бавдисыны фæстæ,   баздæхдзæн тæрхондонмæ  куырдиатæй,   мадзæлттæ  скæныны  тыххæй.

«Мадзæлтты хуызы фæдыл информацийы, дзыллæйæн  фехъусын кæндзыстæм  уæлæмхасæй», – райхъусын кодта   прокуррор Саломе Чикобава брифингыл.