Проект «Телескъолайы» этникон къаддæрдæртæн  нырмæ  уæвæг  уроктæм ма æндæр предметтæ дæр бафтыдтой
Проект «Телескъолайы» этникон къаддæрдæртæн нырмæ уæвæг уроктæм ма æндæр предметтæ дæр бафтыдтой

«Телескъолайы»  проекты  этникон  къаддæрдæртæн нырид   уæвæг  уроктæм ма  бамхас сты  æндæр   предметтæ дæр.

Ахуырады   министрады информацийæ,  Гуырдзыстоны  ахуырады,  зонæдты,  культурæ æмæ спорты министрады æмæ  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  проект «Телескъола»  30 марты райдыдта  æмæ  æнтыстджынæй  дарддæр кæны.

«13 апрелæй  этникон   къаддæрдæртæн   сомихаг æмæ  азербайджайнаг  æвзæгтыл  математикæйы, æрдззонынады, биологийы, афтæма сомихаг æмæ  азербайджайнаг, куыд мадæлон æвзæгты,  теле-урокътæ   райдайдзæн. Телеуынынадон  уроктæ  уыдзæн   алы   кълассы скъоладзауæн. Афтæма нысаниуæгджын  у, цæмæй  абитуриенттæн   иумæйаг фæлтæрдты  теле-уроктæ  дæр ацæудзæн», –  банысангонд у   министрады  ахæлиугонд  информацийы.

«Телескъола»  Æхсæнадон  Уацхæссæджы «Фыццаг  Канал – Ахуырад»(Раздæры Дыккаг Канал)  эфирæй лæвæрд  цæуы  ахуыргæнинæгтæн.

Ахуырады  министрады банысан кодтой, цæмæй этникон  къаддæрдæртæн   телеуынынадæй   урокты   алæвæрд,   Гуырдзыстоны  ахуырады, зонæдты,  культурæйы æмæ  спорты  министрад, Гуырдзыстоны Фыццаг Канал  æмæ  Тбилисы  паддзахадон университеты   медийы  æмæ  телеаивады   колледж   иуæймагæй  сæххæст кодтой.

Афтæма банысан кæнын  хъæуы, цæмæй экономикон   рæзынады  æмæ  æмкуысткæнынады  æхсæнадæмон  организаци (The Organisation for Economic Co-operation and Development – OECD)   COVID-19-ы 2020 азы   пандемийæ,  ахуырады  сферæйы  цы  быцæусидтытæ  сæвзæрдысты,  уыдоныл фæтыхуыны  нысанæн публикацигонд   хыгъдлæвæрды   Гуырдзыстоны   хицауадæй,  ахуырад райсыны æнæаскъуынгæ процесс ифтонгадæн  арызт къахдзæфтæ  æмæ сæ нымæцы  проект «Телескъола»  иуæй-иу  сегасæй  хуыздæр  дæнцæн  у нымад.