Проблемон хæсты  нулы онг æркæныны  проектмæ ноджы 14 финансон организаци баиу ис
Проблемон хæсты нулы онг æркæныны проектмæ ноджы 14 финансон организаци баиу ис

Фонд «Картуйы»  æнхъарды  фæстæ, проблемон  хæсты  нулы онг æркæныны   проектмæ,  уæлæмхасæй  баиу  сты  14  финансон организацийæ.

Финансты  министрады  информацийæ,   2019  азы  фыццаг январæй 15 январы онг периоды , проектимæ ноджы  14  финансон   организаци  разагъдта  æмкуысткæнынады  фæндон æмæ  проблемон хæстæ  ауæй кодта.

Веб-фарсыл vali.ge   уæлæмхасæй  хаст æрцыд  ацы   организацитæй æлхæд  58 241  хæсы:  микрофинансон  организаци  «Крим Финанс Джеорджиа» 9 кредит дæттæг http://crediton.ge),  æнæххæстбар æхсæнад  «Инфинити Холдинг» (кредитдæттæг http://minicredit.ge); ÆÆ «Монеза» (кредитдæттæг http://moneza.ge ); ÆÆ «Мозо» (кредитдæттæг  http://mozo.ge );  ÆÆ  «Мистер Лоун.Джи» (кредитдæттæг: http://mrloan.ge ); RRM Limited (кредитдæттæг: http://crediton.ge ); ÆÆ «Твино» (кредитдæттæг: http://netcredit.ge);  ÆÆ «Аркадиа Капитал» (крелитдæттæг: http://unicredit.ge ); ÆÆ «А рейтинг-дебиторон  хæсты менеджмент» (кредитдæттæг: http://credium.ge ); акцион æхсæнад  «Кредит плюс Джорджиа» (кредитдæттæг: http://creditplus.ge );

Ацы рæстæгмæ, веб-фарсыл    æвæрд у  информаци  609 542 пайдагæнæджы, 1 360 991   кредитон ныффысты  фæдыл,   æмтгæйон   хæсы  суммæ  у  4 027 099 783 лари.

Веб-фарсыл  сæрмагонд бьæрæггæнæнты  басгарыæнæн хъæуы   æртæ  хуымæтæг  этап: кредитисæгы  сæрмагонд номыры   ныффыссын; раугырды  бон, мæй æмæ азы  ныффыссын; æдасдзинады  нысанæй  специалон  нысан сæвæрын.

Афтæдæр разыдзинадмæ æрцыдысты  дыууæ  финансон организацимæ   кредитты балхæды тыххæй  æмæ  сæ  бæрæггæнæнтæ  дæр  æввахсдæр периоды   разындзысты  веб-фарсыл vali.ge. фæнысангонд организацитæ сты : ÆÆ «Мисо Бермели»  æмæ ÆÆ «Эмас Кредити».

Фонд «Картуйы  æнхъарæнмæ гæсгæйæ,   15  январы  онг алы  финансон   организацимæ, кæцытæ разы уыдысты  банысангонд домæнтимæ,  уыдис  сын фадат  крдиттæ нулы  онг æркæныны кæнæ ныххатыры  программæмæ æрбаиу уын.