Президент Гуырдзыстоны парламенты æмæ Ачъарайы  автономион республикæйы бæрзонддæр советы æвзæрстытæ снысан кодта 31-æм октябрмæ
Президент Гуырдзыстоны парламенты æмæ Ачъарайы автономион республикæйы бæрзонддæр советы æвзæрстытæ снысан кодта 31-æм октябрмæ

Æвзæрстытæ снысан  кæныны фæдыл   абоны  бардзырдæй,  президент Саломэ Зурабишвили   æвзæрстыты бонæй, 31  октябр  снысан кодта æмæ  æхсæнадмæ æрсидтис:

«Абон  мæ  къух бафыстон  æвзæрстытæ датæйы фæдыл  актыл.  Парламентон  æвзæрстытæ  нæ бæстæй   ацæудзысты 31  октябры,  нæ  конституцийы куыд у  фыст,  афтæ.  Фæнды мæ  æхсæнадмæ бадзурын  æмæ  зæгъын,  цæмæй   ацы  период, ацы  дыууæ мæйы,  кæцы нын ис   æвзæрстыты онг,   арвитæм  куыд  гæнæн ис,  афтæ  сабырæй.  Абоны уавæрты,   «Ковид-19-«  пандеми  куы рацыдыстæм æмæ  ахæм вазыгджын афæдз,  æнæмæнгхъæугæ у,  цæмæй   тынг сабырæй   бацæттæ кæнæм нæхи æвзæрстытæм.

Ацы  æвзæрстытæн  сæрмагонд  нысаниуæг ис! Мах афтæмæй  ноджы иу хатт  сбæлвырд кæндзыстæм  нæ бæстæ  демокративон кæй  у,  уый.  Афтæ  куыд   цалдæр мæйы размæ, абон дæр нæ  æхсæнад   равдыста  дунейæн, цæмæй  йæ  бон у  ахæм пандеми  контрол кæнын æмæ  йæ  бæрзонд æхсæнадон æмбаргæдзинадæй радиса,  цæмæй  мах стæм бæрнон  æмбæстæгтæ; раст афтæ  хъуамæ  ауадзæм æвзæрстытæ.

Зонын æмæ мæ  уырны, цæмæй  нæ бон у  æвзæрстытæ  афтæ демокративонæй, сабырадонæй æмæ   рухсдзыдæй  ауадзæм.

30 азы размæ, 1990  азы  28 отктябры, Гуырдзыстон  ауагъдта  демокративон   æвзæрстытæ. Мах  ацы  традици  хъуамæ адарддæр кæнæм, фæтыхджындæр кæнæм  æмæ  дунейы  раз  ралæууæм  куыд  иттæг  демокративон  бæстæ. Мах уый  хъом  стæм!» – райхъусын кодта  президент.