Премьер-министр æмæ OSCE-ы  сæрдар  æркастысты  оккупацигонд территоритыл сырæзт уавæр, регионы  ситуаци  æмæ реформæтæ
Премьер-министр æмæ OSCE-ы сæрдар æркастысты оккупацигонд территоритыл сырæзт уавæр, регионы ситуаци æмæ реформæтæ

Гуырдзыстоны  премьер-министр Гиорги Гахариа,  OSCE-ы  сæрдар, Швецийы  фæсарæн хъуыддæгты министр Эн Линдеимæ фембæлдис.

Хицауады  администрацийы   пресс-куысты   хъусинагæй,   ныхасы  сæйраг темæтæ  уыдысты   оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритыл сырæзт уавæр, регионы  уæвæг   уавæр æмæ  цæугæ  демократон реформæтæ.

Гиорги Гахариа банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстоны  хицауад зæгъгæ цæттæ у,  адарддæр кæна Швецийы  падзахадимæ  æнгом  æмгуыстад, уый нымæцы OSCE-ы  сæридариуæгы периоды, кæцыйы  иуæй-иу  сæйраг   приоритетыл  шведаг  фарс  банымадта OSCE-ы регионы  уæвæг конфликтты  алыг.

Пресс-куысты  хъусинагæй,   хъусдард здæхт æрцыд  оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл Уæрæсейы  оккупацион тыхты   провокацион архæйдтыты æмæ уæззау гуманитарон  уавæрмæ,  уый нымæцы,   оккупацион  хаххмæ хæстæг  цæрæг  æмбæстæгты  æрцахсты  факттæм.  Премьер-министр  бахахх кодта  Уæрæсейы  оккупацион тыхты  æрдгæй Гуырдзыстоны  æмбæстаг Заза Гахеладзейы  æрцахсты  æмæ Цхинвалы де-факто тæрхондон йын  æнæзаконон ахсты  стæрхон кæныны уæзазу  факт.

Ныхас  баххæссыд  Женевæйы  æхсæнадæмон  бадзырдты æмæ инциденттæ маруадзыны  механизмты  форматты  эффективон куыст æмæ  нысаниуæг.  Эн Линде Гуырдзыстонæн OSCE-ы  фарсхæцын   конфликты аскуыдздагы  æмæ институтты  стынг кæныны æрдæм   ноджы иу  хатт сбæлвырд кодта.

Фембæлдыл   хъусдард афтæдæр раздæхтой  бæстæйы сæххæст æмæ цæугæ  реформæтæм,  кæцытæн сæ нысан у  бæстæйæн   ахсджиаг  институтты  стынг кæнын.