Польшæйы, Лиетувæйы æмæ  Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министрты  визит Гуырдзыстонмæ райдыдта
Польшæйы, Лиетувæйы æмæ Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министрты визит Гуырдзыстонмæ райдыдта

Польшæйы, Лиетувæйы æмæ  Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министрты  визит Гуырдзыстонмæ райдыдта.

Æддагполитикъон уагдæтты къухдариуггæнджытимæ иумæ  Тбилисмæ æрцыд  Украинæйы  вице-премьер.

Уазджыты  делегацийæн Тбилисы  æхсæнадæмон аэропорты   сæ  размæ  рацыд  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр  Давит Залкалиани.

Визиты фæлгæтты  делегацийы уæнгтæ  ныццæудзысты оккупацион хаххы гæрон хъæутæм,   сæ ном ссардзысты  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн тохы  мард  хъайтартæн  æмæ ауадздзысты фембæлдтæ   президентимæ,  премьер-министримæ æмæ  Гуырдзыстоны  парламенты  сæрдаримæ.