Польшæйы авто-аварийы фæстиуæгæн фæмард Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстаг, ножды фондз та зиæнттæ райстой
2018 азы 16 марты Польшæйы, сахартæ Опочнойæ æмæ Конскиейы иугæнæг фæндагыл æрцæугæ фæндагон-транспортон цауы амæттаг фесты Гуырдызстоны дыууæ æмбæстаг, Гуырдзыстон фондз æмбæстагы та æндæр æмæ æндæр зиæнттæй фæхæццæ кодтой бынæттон рынчындонмæ. Уый фæдыл информацийы хъусыни кæны Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.
Уагдоны хъусинагæй, зианбаййафджыты æнæниздзинады уавæр стабилон у.
«Информаци райсынæй уайтагъддæр, цауы бантмæ араст ис Гуырдзыстны консул Польшæйы республикæйы Теймураз Пурцеладзе. Уый бабæрæг кодта зианбаййафджыты æмæ фембæлд сарызта бынæттон барадхъахъæнæг струткурæтимæ. Уæвæг информацийæ, зианбаййафджыты уавæр стабилон у. Развæлгъау информацийæ, «Опелы» маркæйы хæдтулгæ, кæцыйы мидæг бадтис Гуырдзыстоны 7 æмбæстаг, фæндагыл фæбырыд æмæ комкоммæ зæлæгн автобусыл сæмбæлд.
Гуырдзыстоны 2 мбæстаг бынатыл фæмардысты. 5 зианбаййафæгы та фæхæццæ кодтой рынчындонмæ» – банысангонд у ФХМ-ы хъусинаджы.
«Польшæйы Гуырдзыстоны минæварад æрцæгæйы тыххæй фехъусын кодта зианбаййцафджыты æмæ фæмардуæвджыты бинонтæн æмæ æнæаскъуынгæ цæдисыл ис семæ. Æмбæлон процедурæты фæуды фæстæ, гæнæн суыдзæн фæмардуæвæг æмбæстæгты раласыны процедурæ райдайын.
Гуырдызстоны æмбæстæгтæ Польшæйы уыдысты кусæн визитæй. Фæсарæн хъуыддæгты министрад хъыгтæ æвдисы æрцæугæйы тыххæй, тæфæрфæс кæны фæмардуæвджыты бинонтæн æмæ тагъд сæнæниз кæнын кувы зианбаййафджытæн» – банысангонд у фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд хъусинаджы.