Польшæйы æвзарæнон камисы информацийæ, парламентон æвзæрстыты Ярослав Качинскийы парти фæуæлахиз ис
Польшæйы æвзарæнон камисы информацийæ, парламентон æвзæрстыты Ярослав Качинскийы парти, «Закъон æмæ Рæстдзинад» фæуæлахиз ис.
Ярослав Качинскийы парти Сеймы дæллаг палатæйы хъæлæсты 43,59 процент æрымбырд кодта, йæ сæйраг конкурент, «Æмбæстагон платформæ» та 27,4 проценты.
Фæнысангонд фæстиуджытæм гæсгæйæ, Качинскийы партий 460 бынатджын дæллаг палатæйы, 235 мандаты райсдзæн. «Æмбæстагон Платформæмæ» та уыдзæн 134 мандат.
Æвзæрстыты фæстиуджытæм гæсгæ, «Закъон æмæ Рæстдзинад» фылдæры хай фесæфта Польшæйы парламенты 100 бынатджын Сенаты æмæ 48 бынат райсдзæн, йæ сæйраг конкурет та 43 бынаты.
Æвзæрстытыл æвзæрстгæнджыты активондзинад уыдис 61, 74 процент. Кæцы фæстаг 30 азы мидæг сеппæтæй бæрзонд бæрæгæннæнæн у.
Польшæйы президентон æвзæрстытæ 2020 азы уалдзæджы ацæудзысты.