Польшæйæ  фыдыбæстæмæ   Гуырдзыстоны  179   æмбæстаг  æрыздæхтис
Польшæйæ фыдыбæстæмæ Гуырдзыстоны 179 æмбæстаг æрыздæхтис

Фæсарæнты  уæвæг  Гуырдзыстоны æмбæстæгты   фыдыбæстæмæ   этапгай  æрыздахыны  процессы  фæлгæтты, Батумы   æхсæнадæмон    аэропорты  Польшæйы  сæйраг  горæт Варшавайæ, специалон  авиарейс  сæххæст ис.

Экономикæйы  министрады  информацийæ,   фæнысангонд   спецрейсæй   фыдыбæстæмæ  179  адæймаг æрыздæхтис.  Уыдоны  аэропорты  басгæрстой  коронавирусы  инфекцийы  фæдыл, кæцыйы   фæстæ  сæ  автобустыл   фысымуат  «Эйфориайы»   баконд   карантины  тыгъдадмæ  фæхæццæ  кодтой.   14  бонон карантины  рæстæджы, фæсарæнтæй  æрыздæхгæ  æмбæстæгтæ   24  сахатон   медицинон   цæстдарды  бын   уыдзысты.