Политиктæм æвæрццаг  ахаст дарыны рейтингы   лидертæ сты Давит Бакрадзе æмæ   Каха  Каладзе
Политиктæм æвæрццаг ахаст дарыны рейтингы лидертæ сты Давит Бакрадзе æмæ Каха Каладзе

Политиктæм   æвæрццаг  ахасты  рейтингы лидертæ смты   «Европаг Гуырдзыстоны» лидер Давит бакрадзе æмæ   сæйраг  горæты  мэр Каха  Каладзе.

Националон-Демокративон  Институты   (NDI) иртасæнмæ гæсгæйæ,   «Европаг  Гуырдзыстоны»  лидер Давит Бакрадзейы  34%  æвæрццаг аргъ кæнынц,   22  та  æппæрццагæй.

Ацы  рафарстмæ  гæсгæйæ,   æмбæстæгты   34  процент   Каха  Каладзейы   куыстæн  æвæрццаг аргъ  дæттынц,  49  процент та  æппæрццагæй.

Рафарстмæ гæсгæйæ,  Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвилийæн  13  процент  æвæрццаг аргъ  дæттынц,  49  процент   æппæрццагæй.

Авторты   информацийæ,  иртасæн  ацыд   2019  азы  19 ноябр – 13  декабры онг периоды,  Гуырдызстоны масштабæй (оккупиргонд территоритæй  цух), 2,180  интервьюйы,  минæварадон   равзæрсты бындурыл.

«NDI»-ы  иртасæнтæ  æххæстт  цæуынц   Стыр Британийы   хицауады  UK aid-ы  финансон  æххуысæй.  Рафарст æххæст кæны   «CRRC-Гуырдзыстон». Рафарсты  рæдыды  астæуккаг  арæн   +/- 1.9 процент у.