Пенсион активты бæрцуат  аххæссыд миллиард 420  милуан ларимæ
Пенсион активты бæрцуат аххæссыд миллиард 420 милуан ларимæ

2025 майы  бæрæггæнæнтæй, пенсион активты  бæрцуат  1.420  миллиард ларимæ ахæццæ ис, кæцыйæ лæвæрд   пайдайы  бæрц у  148.8 млн лари, – информаци уый тыххæй хъусын кæны   пенсион агентад.

Афтæма сæ информацийæ,  активтæ  æвæрд сты   гуырдзиаг коммерцион  банкты æмæ  сæм æмхас  цæуы  афæдзон   пайда 11 проценты бæрц.  Пенсион активты  62 процент  æвæрд сты  депозитон    сертификатты  æмæ æмгъуыдджын  депозиттыл, æрмæст 38 %  та  пайдаджын   цæугæ хынцтыл.  Пенсион  активтæ  абоны бонмæ  сты лариты инвестиргонд.

Бамбырдгæнгæ пенсийæ  спайда кодтой   800-ы онг адæймаг. Пенсион  схемæйы  баст уæнгты  нымæц  рæзы æмæ  мæйы мидæг   11 000-æй  фылдæр  адæймаг баиу вæйы  схемæмæ, ацы  рæстæгмæ та  1 145 808 схемæйы хайадисæг  у регистрацигонд.