Патрулон полици  Губаури-Къобийы  автомобилон фæндаджы  фадыгыл  цыфæнды хуызы  автотранспорты змæлд   буарæдта
Патрулон полици Губаури-Къобийы автомобилон фæндаджы фадыгыл цыфæнды хуызы автотранспорты змæлд буарæдта

Патрулон полици  Губаури-Къобийы  автомобилон фæндаджы  фадыгыл  цыфæнды хуызы  автотранспорты змæлд   буарæдта –   уый фæдыл   информацийы  хъусын кæны  Мидхъуыддæгты министрад.

«Автомобилон фæндаджы, Губаури-Къобийы  фадыгыл   интенсивон   митуарды  æмæ  зæйы тасы  тыххæй,  цыфæнды  хуызы транспорты змæлд  тобæгонд у.

Æхгæд фæндаджы  фадыгмæ бацæуæнты  МХМ-ы  патрулон полицийы  департаменты  Мцхекта-Мтианеты  сæйраг  уагдоны   æмæ   Мцхета-Мтианеты  полицийы департаменты, Гуаурийы  хайады   кусджытæ конт рол кæнынц.

Мидхъуыддæгты министрады   кусджытæ  цыфæнды  хуызы  автомобилты уромынц Жинвалы,  фæндаджы сæхгæды фæдыл информацийы  сын хъусын кæнынц æмæ  сын амонынц   хæстæг уæвæг  цæрæн пунктыты  фæлæууын.   Æрмæст Уæрæсейы  Федерацимæ фæцæйцæуæг   автомобильты  шофыртæн  лæмбынæг дзурынц,  цæмæй  Губаури-Къобийы  фадыгыл  сырæзт зæйы тасы  тыххæй,  Гуырдзыстон-Уæрæсейы  арæныл ахизын  ææввахсдæр   сахатты  нæ фæцарæхсдзысты.

Афæтма, æнæмæнг цауы,  патрулон полицийы кусджытæ,  фæндагыл лæууæг   автомобильты   шофырты  æмæ бæлццæттæн,  æмбæлон æххуыс æнхъарынц» –  фæнысангонд у  МХМ-ы  информацийы.