Патриархы   хуыцаубонон динамынд
Патриархы хуыцаубонон динамынд

Гуырдзиаг адæймаг нæ  аргъ кæны   куырдиатджын адæмæн, нæзагъд кæны, ссæнды  сæ, тох кæны семæ, куырдиатджын адæмæн  сæ фарсмæ лæууын хъæуы – уый тыххæй   Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх, Мцхета-Тбилисы сæйрагепископ, Бичъвинта æмæ  Цхум-Абхазы митрополит  Илья Дыккаг,  хуыцаубонон динамынды рæстæджы  райхъусын кодта.

Илья Дыккаг   Самебайы кафедралон аргъуаны  динамынды рæстæджы фæныхас кодта адæймаг  цас нысаниуæгджын у  уый  фæдыл.

«Алы  адæймагмæ ис  цыдæр куырдиат.  Ай  у  Хуыцауы  лæвар.  Не сгуыхтдзинад нæу,  æмæ йын аргъ хъуамæ  кæнæм.  Куырдиатджын адæймагыл хъуамæ  зæгъат, цæмæй  уый у   куырдиатжджын, йæ къух фæхæцын  хъæуы.   Сымах  дæр  байрайдзыстут  æмæ уый дæр.  Нæй  æнæкуырдиат адæймаг, æрмæст дзы хъæуы   цæмæй  куырдиатджын у  уый  рабæрæг кæнын.  Гæнæн ис  куырдиатджын уа  техникæйы,  зонæдты,  хъæууон хæдзарады, фæлæ  бынтон æнæкуырдиат адæймаг нæй.  Бамбарут цæмæй  куырдиатджын стут  æмæ  уын Хуыцау  баххуыс кæндзæн  æнтыстытæм æрцæуынæн  æмæ уын стыр фæстиуджытæ  уыдзæн.  Кæрæдзи ма æфхæрут, кæрæдзийы  фыдкой  ма кæнут,  уарзут  уæ  кæрæдзийы.

Сыгъдæг апостол  Иоан Пехуымпар дзуры,  уарзут уæ  кæрæдзийы æмæ амондджын уыдзыстут.  Хуыцауы  арфæйæ   уæм  куыд бирæ  цин уыдзæн  уыцы  амонд  уын уæнт» –  райхъусын кодта Илья Дыккаг.