Патриархмæ лæвæрд æрцыд «Сыгъзæрин Базыр» -  Самеба махæй  домы  æмуддзинад, Ома нæ  зæрдыл дарæм ай
Патриархмæ лæвæрд æрцыд «Сыгъзæрин Базыр» - Самеба махæй домы æмуддзинад, Ома нæ зæрдыл дарæм ай

Каталикос-Патриарх Илья Дыкккагмæ   нацийы мидæг удон интересты фæтыхджындæр кæныны тыххæй   лæвæрд æрцыд  хорзæх  «Сыгъзæрин Базыр».  Хорзæх лæвæрд æрцыд Патриархы фонды  къухдариуæггæнæг  Лаша Жваниамæ.

Лаша Жваниа сценæйыл бакастис  Илья Дыккаджы  фæсидт.

«Хъуамæ бацархайæм,  нæ кæрæдзийы бауарзæм æмæ  рараст кæнæм.  Нæ кæрæдзийæн цыт кæнæм.  Фæлæ  мах, стыр уарзондзинад  куыд  зонæм,  афтæдæр стыр  фыдзæрдæдзинадыл  стæм ахуыр.   Уыдис  мын  цæстылуайæн – Уыдтæн Бодбейы  Сыгъдæг Нинойы  моладзандзоны  æмæ мæм уым архайæг  мæдтæ раттой  тыхтон.  Райхæлдтон æй  æмæ  дзы  йæ мидæг уыдис   æвдыст Сыгъдæг Самеба.    Йеуæд азылдтон тыхтон иннæ фрасмæ æмæ йыл фыст уыдис –  æмуддзинад.   Ома  ахъуыды кæнæм ай тыххæй.   Уый курæг махæй нæ Самеба  –  æмзæрдиондзинады!  Самеба у  æмуддзинад – Фыд,  йæ фырт æмæ   сыгъдæг уды  мидæг æмæ  раст уый  курæг   у махæй дæр.    Мауал бæгънæг кæнæм  искæй  сахъаттæ  –   нæ  уарзондзинадæй  сæ бамбæрзæм» – дзырдæуы    Патриархы   сидты.

«СыгъзæринБазыры»  фынддæсæм    юбилейон   хорзæхджын кæныны   церемонийыл   лæвæрд цæуынц 21  хорзæхы.   «Сыгъзæрин Базыры»     схорхæзджын кæныны  æрвылазон    церемони   уагъд цæуы  фысымуат «Билтморы».