Патриархий - Гуырдзыстоны аргъуан  йæхи айсдзæн  цыфæнды хуызы  тыхмидзинадæй,  кæмæй фæндыдæр  рацæуæт, хъуыды кæнæм, цæмæй  айтынггонд фæзындтыл бæрн æвæрд хъуамæ æрцæуа  а.х. «прайды» организатортыл æмæ фарсхæцджытыл
Патриархий - Гуырдзыстоны аргъуан йæхи айсдзæн цыфæнды хуызы тыхмидзинадæй, кæмæй фæндыдæр рацæуæт, хъуыды кæнæм, цæмæй айтынггонд фæзындтыл бæрн æвæрд хъуамæ æрцæуа а.х. «прайды» организатортыл æмæ фарсхæцджытыл

Бирæ хатт райхъусын кодтам  æмæ  ныр дæр банысан кæндзыстæм, цæмæй  Гуырдзыстоны аргъуан  йæхи айсдзæн  цыфæнды хуызы  тыхмидзинадæй,  кæмæй фæндыдæр  рацæуæт уый –  уый  тыххæй   Гуырдзыстоны   Патриархийы фидиуæны дзырдæуы.

Патриархийы  хъусын кæнынц, цæмæй  айтынггонд  фæзындтыл  æххæст бæрн  æвæрд хъуамæ æрцæуа   Прайды организатортыл æмæ фарсхæцджытыл.

«Тбилиси Прайды»  организаторты  социалон хызагы  а.х. «ДЖелбетты  маршы»  ауадзыны  фæдыл  ногæй   райхъусын кæнын,  стыр змæст расайдта. Содомитон  цардуагы фæдон адæймæгтæ кæддæриддæр уыдысты  æмæ сæ   уæвындзинад  нæ æхсæнады  никуы иу ссис  тызмæг быцæудзинады  аххос, фæлæ ацы  æнæуагдзинады цыфæнды хуызы   пропагандæ  кæддæриддæр  уыд нæрайсгæ.  Уый тыххæй дæр,  Руставелийы  проспектыл  цæугæ протестон акцийы   активон  хайад куы  истой а.х. «прайды»  организатортæ æмæ  LGBT минæвæрттæ,  уый  ницы  эксцесс нæ расидтис; ацы факт  ноджы иу  хатт бæлвырд кæны  уыцы аууæл, цæмæй  сæм, куыд  алкæмæн, афтæ нæдæр уыдонæн арæн кæнынц  сæ  барты реализаци; фæлæ фæнысангонд къордтæ  адæмы абсолютон  фылдæры хайы  фæнд куы ницæмæ æрдарынц æмæ сæ «аргъдзинæдты»  популяризаци куы райдаынц, уый кæддæриддæр  расайы  мæстыдзинад æмæ æмбæстагон æндыгъдад сцырын кæныны барæй  архайдыл нымад  цæуы.

Нæ цæрджыты  фылдæр хай, зоны æндæр бæстæты  фæлтæрддзинад, нымайы, цæмæй  «прайды» нæу  хицæнæй  ис фæзындт, фæлæ  у  дардмæ нымад стратегийы  иуæй-иу  этап æмæ уагъд у иуæрдонты «къайады» æмæ сын  хъæбул скæныны  закъондæттæн æмвæзадыл  сфиксир кæныны æрдæм.

Бирæ хатт райхъусын кодтам  æмæ  ныр дæр банысан кæндзыстæм, цæмæй  Гуырдызстоны аргъуан  йæхи айсдзæн  цыфæнды хуызы  тыхмидзинадæй,  кæмæй фæндыдæр  рацæуæт уый. Уыйимæ иумæ,  хъуыды кæнæм, цæмæй  айтынггонд фæзындтыл бæрн æвæрд хъуамæ æрцæуа  а.х. «прайды»  организатортыл æмæ фарсхæцджытыл. Ныфс разæгъæм  цæмæй паддзахад  ахæм къахдзæфтæ сараздзæн, кæцы срæвдз кæндзæн  æхсæнадон сабырдзинад бахъахъхъæд.  Хуыцаумæ  скувæм,  баххуыс нын кæна, цæмæй  нæ адæм ацы зынæвзарæн  сабырæй ацæуа»,- дзырдæуы  Гуырдзыстоны Патриархийы  фидиуæны.