Патриарх эмигранттæм  бьасидтис -  Гуырдзыстоны куыд уарзæм уыййас уæ уарзæм сымах дæр
Патриарх эмигранттæм бьасидтис - Гуырдзыстоны куыд уарзæм уыййас уæ уарзæм сымах дæр

Гуырдзыстоны патриархийы  уагъд фембæлдыл,   демогарафион   форумы  бынудæвæрджыты  æмæ  уазджыты раз  дзырдæй æрсидтис Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос Патриарх Илья Дыккаг.

Илья Дыккаг  фæсарæнты цæрæг   гуырдзиæгтæм,  уый  нымæцы Швецийы  æмæ  Испанийы  цæрæг эмигранттæм  дæр æрсидтис,  кæцытæ фембæлдмæ  видиео-басидты  фæрцы сиу сты.  Патриарх сæм æрсидтис Гуырдзыстонмæ æрыздæхынмæ.

«Мæ  зынаргъ  удон хъæбултæ,  фæсарæнты цæрджытæ,  зæрдиаг  салам уыд. Иу  хæтт мæм  фæсарæнты цæрæг   гуырдзиаг адæймаг  сдзырдта,  зæгъгæ дам дæ  афтæ уарзын  куыд Гуырдзыстон дам.  Мæн дæр фæнды    ацы ныхæстæ уын  зæгъон,  афтæ уæ уарзын куыд  нæ Гуырдзыстон уарзын –уыййас.   Æнхълмæ уæм кæсæм  ам, у фыдыбæстæйы. Сымах стут махæн сегасæй зынаргъ дæр» –  загъта Патриарх.

Илья Дыккаг  Гуырдзыстоны  демографион  уавæры кой дæр скодта.  ЙÆ  аргълæвæрдæй,   проблемæ  у актуалон  æмæ   уыййас ахсджиаг цæмæй  ерын æрлæууыд гуырдзиаг адæмы уæвындзинады  фарст.

«Стыр бузныг уын ардæйм кæй æрбацыдыстут уый тыххæй,  ай æцæгдæр стыр фарст у.  Мах алцыппæт хъуамæ  бакæнæм, цæмæй демографион проблемæйыл фæтых уæм.  Конкретон къахдзæфтæ хъуамæ аразæм, æрмæст   теорийæ уый  кæсын æгъгъæд нæу,  фæццæгæн алчидæр хъуамæ   архайæм ууыл,  цæмæй  ахæм къахдзæфтæ   рацагурæм  æмæ проблемæйыл фæтых уæм» –  банысан кодта Патриарх, форумы  бындурæвæрджытæм сидты рæстæджы.