Паскаль Менье - Бирæ бæстæ, сæ нымæцы Гуырдзыстон дæр,   солидарондзинад  расидтыстæм  Стыр Британийæн  æмæ   феддæдуар кæндзыстæм уырыссаг  дипломатты
Паскаль Менье - Бирæ бæстæ, сæ нымæцы Гуырдзыстон дæр, солидарондзинад расидтыстæм Стыр Британийæн æмæ феддæдуар кæндзыстæм уырыссаг дипломатты

Бирæ бæстæ, сæ нымæцы Гуырдзыстон дæр,   солидарондзинад  расидтыстæм  Стыр Британийæн  æмæ   феддæдуар кæндзыстæм уырыссаг  дипломатты нæ территоритæй –  ахæм комментари сарызта  журналисттимæ ныхасы рæстæджы Францы минæвар Гуырдзыстоны, Паскаль Менье.

Минæвар афтæдæр банысан  кодта,  ома ахæм  скуыддзæгтæй  бæрæг у уый, цæмæй  Евроцæдис  удæгас у  æмæ   нæ  бафидаудзæн  фыдракæндимæ никæд бонты.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ  ай у фидар æрвитæггаг  Мæскуымæ.  Ныфс мæ ис,   Уæрæсе  уый бамбардзæн.  Махæн ис дзæбæх ахастытæ  Уæрæсеимæ, цыт кæнæм бæстæйæн,  Уæрæсейы истори æмæ адæмæн.  Мах Уæрæсейы знæгтæ не стæм, фæлæ Уæрæсе хъуамæ бамбара, цæмæй   нæм ис принциптæ,  хæзнатæ,  кæцытæ  хуыздæр уаид  Уæрæсейæн дæр  хæзнатыл нымад цæуой» –  банысан кодта Францы минæвар.

Гуырдзыстон  Швейцарийы  Уæрæсейы   интересты секцийы  кусæгы  бæстæйæ феддæдуар кæндзæн.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрад Швейцарийы  минæварадмæ  Уæрæсейы интересты  секцийы  кусæгы Гуырдзыстоны  территорийæ   арвитынæн  авд бонон æмгъуыд дæтты.

Гуырдзыстоны  æддагполитикъон уагдоны фидиуæнмæ гæсгæйæ,   скуыддзаг  ист æрцыд  Иугонд Паддзахады  территорийыл  Сергей Скрипалы фæхъæстæ  кæныны   факты тыххæй.

Раздæры  уырыссаг агенты  Сергей Скрипалы  æмæ чызгы  4 марты, Англисы сахар Солсберрийы  фæхъæстæ кодтой.  Æрцæугæйы бæрн, Стыр Британи сæвæрдта  Уæрæсейыл  æмæ  бæстæйæ  23  уырыссаг дипломаты атардта.  Стыр Британийæн солидарондзинад рæхджы расидтысты  æндæр бæстæтæ дæр.

Ацы рæстæгмæ  уырыссаг дилпломатты  30-ы онг  паддзахад феддæдуар кодта,  сæ нымцы  АИШ-æ, Канадæ, Австрали, Евроцæдисы бæстæтæ,  Молдовæ æмæ Украинæ.  Вашингтоны скуыддзагæй  АИШ-æй  рарвитдзысты 60  уырыссаг дипломаты, Сиэтлы та Уæрæсейы  консулад  æрыхгæндзысты.