Партий «Гуырдзиаг Бæллиццы»  централон офисы, цæугæ  парламентон фылдæрты рабадтыл тæрхон кæнынц Венецийы  камисы рекомендацитыл
Партий «Гуырдзиаг Бæллиццы» централон офисы, цæугæ парламентон фылдæрты рабадтыл тæрхон кæнынц Венецийы камисы рекомендацитыл

Партий «Гуырдзиаг Бæллиццы»  централон офисы,  парламентон   фылдæрты  рабадт цæуы.

Фембæлдыл   кæцы   цъус рæстæг размæ райдыдта,   хицаугæнæг   балы  уæнгтæ  партийы   сæрдар Бидзина Иванишвилиимæ иумæ, Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджыты  равзарыны  закъонопроектмæ гæсгæ Венецийы  камисы  рекомендацитыл   тæрхон кæнынц.

Хицаугæнæг балы  уæнгты  фидиуæнæй,   фиппаинæгты  фылдæр  хай сæ зæрдыл бадардзысты, фæлæ дзы ис пунктытæ зæгъгæ,   кæцыты алыварс   балы мидæг  хъауджыдæргонд позицитæ ис, сæ нымæцы   конкурсы  хайадисæг   æнæтæрхонгæнæг  кандидатты   квалификацион  фæлварæнты  фæмацыйы  æмæ халæппæрсты  æргом  методæй  ауадзыны фарстатæ.  Афтæдæр   развæлгъау фидиуæнтæй  бæрæг у, цæмæй  хицаугæнæг бал  нæх хъавы  уыцы пунктыты  зæрдыл бадарын, кæцытæм гæсгæ дæр, европаг жксперттæ  хицаугæнæг   балæн амонынц,  тæрхонгæнджыты  иу  хай  фидæн æрсидты  парламент  сывзара.  «Гуырдзиаг Бæллиццы»   æмбарын  кæнынц, цæмæй   фæнысангонд рекомендаци  политикъон у  æмæ  органон закъонмæ  хаст не рцæудзæн.

Фылдæрты рабадты  фæуды фæстæ, 12:00  сахатыл  парламент  пленарон рабадт райдайдзæн  æмæ Сæйраг Тæрхондоны  тæрхонгæнджытæм кандидатты  сывзарыны  æгъауимæ баст   закъонопроекты дыккаг кастæй   æркæсдзысты.

Фылдæрты  æрцæттæгонд  закъонопроектæн депутаттæ  19  апрелы  сессийыл   схъæлæс кæндзысты.

Венеций  камис,   тæрхонгæнджыты сывзарыны закъонопроектмæ гæсгæ,  рекомендацитæ публикаци скодта   16 апрелы.