Парти «Гуырдзыстонæн» Ираклий Къобахидзейæ зылынкæнæн фидиуæнтыл фæдагуырд райдаыны  æркуырдæй  прокуратурæмæ æмæ   падзахадон æдасдзинады  куыстмæ бахъаст кодта
Парти «Гуырдзыстонæн» Ираклий Къобахидзейæ зылынкæнæн фидиуæнтыл фæдагуырд райдаыны æркуырдæй прокуратурæмæ æмæ падзахадон æдасдзинады куыстмæ бахъаст кодта

Парти «Гуырдзыстонæн»  Ираклий Къобахидзейæ зылынкæнæн фидиуæнтыл  фæдагуырд райдаыны  æркуырдæй  прокуратурæмæ æмæ   падзахадон æдасдзинады  куыстмæ бахъаст кодта, –   уый фæдыл банысангонд у партийы  ахæлиуыгонд фидиуæны.

Фидиуæнмæ гæсгæйæ,  парти домы,  фæдагуырд ауадзын   объектонæй,  цæмæй  æмбаргæ,  максималонæй цыбырдæр æмгъуыдтæм   дзуапп лæвæрд уа  хицаугæнæг партийы  нырыккон  сæрдары æрдгæй  зылынкæнæн  фидиуæнтæн.

Бакой уын кæндзыстæм  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  сæрдар, Ираклий Къобахидзе, «Рустави-2»-ы эфиры райхъусын кодта, цæмæй 17 февралы Гиорги Гахариайы  куыстуæгъды иу бон агъоммæ, Киевæйы  сæм æрбафтыд информаци «Националон Змæлды» планы  тыххæй, альтернативон хицауад саразыны æмæ Гуырдзыстоны  раздæры президенты, михеил Саакашвилийы Гуырдзыстонмæ, Сарпийы  уылты  æрцæуыны фæдыл.  Къобахидзе куыд банысан кодта  афтæмæй,  Гиорги Гахариа, уыдонæн  бынтон æнæмбаргæ  мотивæйы, Ника Мелиайы  æрцахсынæн  операци  дыууæ-ртæ  бонæй  ахæцын  куырдта, цæй фæстæ дæр,  хицаугæнæг  балæн, уæды  премьер-министрмæ  зæрдæхсайд фæзындис  æмæ йын Киевæй рбафтгæ информаци нал базонын кодтой.