Парламенты уæлрадон  рабадт  райдыдта
Парламенты уæлрадон рабадт райдыдта

Парламенты уæлрадон рабадт  райдыдта  цалдæр минуты размæ.  Рабадт парламенты  сæрдар Каха Кучъава бакодта.

Уæлрадон рабадт 12:00 сахатмæ  уыд нысангонд, фæлæ  хъæлæба æмæ быцæудзинады тыххæй,  ацы афонмæ нæ райдыдта.

Сæрмагондæй та оппозицийы  минæвæрттæ   парламенты сæрдары бынат бацахстой  æмæ  хицауады куыстуæгъд æркуырдтой.

Бакой уын кæндзыстæм, сæрыфыццагæй,   хъæлæба уыд  парламенты бапцæуæны цур.  Медиаорганизациты æмæ   протестон  акцийы  минæвæрттæ  дзырдтой, цæмæй  сæ  закондæттæг  органмæ мидæмæ нæ уагъдтой.  Уыимæ иумæ  парламенты уæвæг  оппозицийы  минæвæрттæ дзырдтой, цæмæй  медиаорганизациты  минæвæрттыл   пропусктæ  уыд. Фæстæдæр  хъæлæба  æмæ быцæудзинад   адарддæр ис  парламенты  рабадты залы парламентон фылдæрты  æмæ  оппозицийы  депутатты  æхсæн. Оппозици  домы, парламент  хицауадæн æнæууæнкы  процедурæмæ  рывналын.