Парламенты пленарон рабадтыл 2019 азы паддзахадон бюджеты  ивдтытыл фæуынаффæ кæндзысты
Парламенты пленарон рабадтыл 2019 азы паддзахадон бюджеты ивдтытыл фæуынаффæ кæндзысты

2019  азы паддзахадон  бюджеты фæдыл  Гуырдзыстоны закъонмæ ивдытытæ бахæссыны  фæдыл  абон  Гуырдзыстоны парламенты пленарон  рабадтыл  фæуынаффæ кæндзæн.

Ивдытыты проектæй,  Гуырдзыстоны  президенты   администрацийы  бюджет  2.2  милуан  ларийæ,  8.2 милуан  ларийы онг рæзы.  Уыйимæ иумæ,  рæзы   хицæн  министрадты  хардзты   бæрæггæнæнтæ дæр.

Бæрæг у, оппозици бюджеты проектæн йæ  фарс кæй нæ рахæцдзæн.   Парламентон  къаддæрты  уæнгты  ныхæстæм гæсгæ,  бавдыст   ивдтытæ зæгъгæ,  ларийы фæасламы рискъ ноджы фылдæр райрæзын кæндзæн.

Хъауджыдæргонд у  хицаугæнæг балы  позици.  Фылдæрты уæнгтæ  хъусын кæнынц, цæмæй зæгъгæ фæнысангонд ивдтытæ бæстæйæн знаггадгæнæг  нæ уыдзысты.