Парламенты  ПÆК-ы  2020 азы  куысты хыгъдлæвæрдмæ  хъусдзысты
Парламенты ПÆК-ы 2020 азы куысты хыгъдлæвæрдмæ хъусдзысты

Паддзахадон æдасдзинады  куысты  2020  азы хыгъдлæвæрдмæ хъусдзысты  абон  парламенты.   Документы хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады,  юридикон фарстæты,  афтæма адæймаджы  барты  хъахъхъæды æмæ  æмбæстагон   интеграцийы  комитетты   иугонд  рабадтыл   ПÆК-ы   къухдариуæггæнæгы  фыццаг хæдивæг   Алекси  Батъиашвили   бавдисдзæн.

Хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады    комитеты  сæрдар, Ираклий   Бераиайы фидиуæнæй,   хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,   бæстæйы националон æдасдзинады  номыр фыцццаг   проблемæ фæстæмæ  у  Уæрæсейаг оккупаци  æмæ уырдгæй  равзæргæ  фæстиуджытæ,  куыд æнæзаконон бордеризаци  æмæ  æмбæстæгты æнæзаконон æрцахстытæ.

Документы  афтæдæр дзырдæуы   конвенцион   æмæ  гибридон   æртъхъирæнты  фæдыл.  Ираклий Бераиайы  æмбарынгæнæнтæм гæсгæйæ,  ПÆК-ы  куыст  бæрзонд аргъы  аккаг у\э уымæн æмæ уагдон  нысаниуæгджын  къахдзæфтæ сарызта эгзистенциалон проблемæтæ ныхмæ.

ПÆК-ы    2020 азы хыгъдлæвæрд закондæттæг органы, парламенты регламентмæ гæсгæйæ, 14 апрелмæ  уыд хаст.