Парламенты  «Министры Сахаты» форматы байхъусдзысты Иванэ Мачъаварианимæ
Парламенты «Министры Сахаты» форматы байхъусдзысты Иванэ Мачъаварианимæ

Закъондæттæг органы  финансты  министрмæ   байхъусдзысты.  Иванэ Мачъавариани  парламенты, «Министры сахаты» форматы  абон ралæудзæн.

Финансон-бюджетон комитеты  сæрдар   Ираклий Къовзанадзе  куыд  хъусын кæны  афтæмæй,  финансты министр, финансон секторы  цæугæ  реформæтыл  сцырын кæндзæн хъусдард.  Афтæдæр,  Къовзанадзейы дзырдæй,  зæгъгæ депутатты  сæйраг фарст  уыдзæн,  цас  эффективонæй  æххæст цæуы   2020 азы бюджет.

Парламентон оппозици   фæстæмæ бойкоты режим дарддæр кæны æмæ   финансты  министры   ралæудмæ нæ  бацæудзæн.  «Европаг Гуырдзыстоны» иуæй-иу  уæнг,  Зураб Чъиаберашвили,  финансты министры  куыстæн æппæрццаг аргъ кæны æмæ йæ  хъусдард здахы  продукттыл райрæзгæ æргъты  æрдæм.

«Финансты  министр Иванэ Мачъавариани,  афтæ  куыд  Бидзина Иванишвилийы  хицауады кæцыфæнды уæнг,  бынтон нæ  цымидис кæны   адæмы  проблемæтæй,   уымæн æмæ æнæрмæст  адæмы  проблемæтæ  аскуыддзаг кæнын хъом не сты, фæлæ ма  нæдæр интерес  кæнынц  куыд фæвазыгджын  кодта  «Гуырдзиаг Бæллицц»  адæмæн сæ  цард,  куыд  фæзынаргъис  цард.  Адæм бæрзонд аргъты тасæй, афтектæм æмæ дуканитæм бацæуын сæ ныфс нал хæссынц.  Уый  тыххæй хъуыды кæнæм, цæмæй  ацы  адæймæгтимæ  диалог дæр  бынтон ницы æрхæссæг у», – райхъусын кодта  Зураб Чъиаберашвили.

Бакой уын кæндзыстæм,  уалдзæгон  сессийы  фæлгæтты, парламент «Министры сахаты» форматы,  ныридæгæн  байхъуыста  æнæнизхъахъъхæды  министр Экатерине Тъикъарадземæ.