Парламенты физикъон æмæ дзырдæй быцæудзинад сырæзт [видео]

Гуырдзыстоны парламенты  физикъон æмæ  дзырдæй  быцæудзинад  æрцыд. Кæрæдзиимæ «Националон Змæлды» депутат  æмæ «Патриотты Альянсы» уæнг  Ирма Инашвили  фæбыцæу сты.

Быцæудзинад   æмæ  кæрæдзийы ныхмæ репликæтæ  парламенты «Националон Змæлды»  депутат  Ника Мелиайы   ралæуды фæстæ  райдыдта,  кæцы  президентон æвзæрстыты  схуыдта  тугкалдджынæй, æрмæст парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзейы æмæ  депутат  Энзел Мкояны  та  криминалтæй.  Мелиайы  фæстæ  рабадтыл  фидиуæн  хъуамæ сарызтаит «патриотты альянсы»  депутат  Ирма Инашвили. Уый «Националон Змææлды» депутаттæм  баздæхт, ома зæгъгæ   æрцæудзæн афон, æмæ   «националтæ»  зæгъгæ  дзуаппмæ лæвæрд æрцæудзысты.   Инашвилийы   ралæуд репликæйæ цалдæр хатт  аскъуыны кодта  Ника Мелиа, кæцы быццæудзинадмæ айрæзтис.

Депутаттæм сабырдзинадмæ  æрсидтис парламенты сæрдар æмæ банысан кодта, цæмæй  Ника Мелиа зæгъгæ  клоунадæ скодта.