Парламенты  фæззыгон сесси  абон байогм уыдзæн
Парламенты фæззыгон сесси абон байогм уыдзæн

Парламент  кусын  официалонæй  цæугæ  къуырийы райдайдзæн.  Регламентмæ гæсгæйæ,   сентябры  фыццаг  дыццæджы   парламенты  фæззыгон сесси   байгом уыдзæн.

Фæззыгон сессийы  фæлгæтты   парламенты   цалдæр ног   законопроекты  кæсын æмæ  райсын бахъæудзæн.  Уыйимæ иумæ,   закондæттæг оргæн  пленарон рабадты  форматы   ацы  афонмæ  нæ байхъусыта  паддзахадон æдасдзинады  куысты  æмæ  генералон   прокуратурæйы   афæдзон  хыгъдлæвæрдтæм, кæцыты  уагдæттæ   парламентмæ  уалдзæгон  сессийыл бавдыстой.

Уымæ гæсгæ,  цæмæй   парламентон  æвзæрстытæ  октябры  кæроны  ацæудзæн,   парламент  кусын хъавы  бæлвырд æмгъуыдтæм гæсгæйæ.   Ацы нысанæн   пленарон  рабадтытæ ауадзын  пълан кæнынц   дыууæ къуырийы фæлгæтты.  Парламентон комитеттæ кусын  та  хуымæтæг режимæй  хъавынц,  уымæн æмæ  фыццаг октябры   парламентмæ,  хицауад хъуамæ  бавдиса  2021 азы паддзахадон бюджет,  кæцыйы закондæттæг орган,  фæткмæ гæсгæ,  декабры æртыккаг  майрæмбонмæ сбæлвырд кæны, фæлæ  уæдмæ   документы  цалдæр хатт бакусынц.